Archive

Республика Южная Осетия и Донецкая Народная Республика

Республикæ Хуссар Ирыстоны Дипломатон кусæджы боны цытæн Донецкы Адæмон Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арфæйы фыстæг рарвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Абоны бон дунеон дипломатийæн ныллæууыдысты зын рæстæджытæ, арæх æрлæмæгъ вæййы коллективон Скæсæны æндæвдады бын. Уымæ гæсгæ уæлдай ахадгæ у Республикæ Хуссар Ирыстоны дипломатон кусджыты архайд. Уыдон æнæфæцудгæ рæхысау кад æмæ намысимæ хъахъхъæнынц сабырад æмæ æхсæнадон фæрныгад.

А.М. Джиоев и В.В. Игнатьев

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Сырæзты боны æмæ Дипломатон кусæджы боны цытæн Приднестровьейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьев арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Бирæ азты дæргъы Паддзахад Аланийы æддагполитикон уагдоны коллектив стыр хайбавæрд хæссы дунейон аренæйы бæстæйы суверенитеты фарс хæцыны, РХИ-йы æдде цы æмбæстæгтæ ис, уыдон бартæ хъахъхъæныны хъуыддæгтæм.

А.М. Джиоев и С.В. Газарян

РХИ-йы æддагполитикон уагдоны Сырæзты боны цытæн Республикæ Арцахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Газарян арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Дипломатон службæ цы хайбавæрд бахаста æддагполитикон аренæйы бæстæйы интерестæ хъахъхъæныны, афтæмæй ма паддзахады суверенитет фидар кæныны, йе ‘дасдзинад фæбæрзонддæр кæныны хъуыддаджы, уымæн саргъ кæнæн дæр нæй.

А.М. Джиоев и И.Б. Ардзинба

РХИ-йы Дипломатон кусæджы боны цытæн Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинба рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

А.М. Джиоев и М.М. Кулахметов

Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов РХИ-йы Дипломатон кусæджы боны цытæн рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Хуссар Ирыстоны дипломатон службæйы размæдзыд фидарæй баст у хуссарирыстойнаг паддзахаддзинады сæвзæрды историимæ. Йæ сырæзтæй фæстæмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад фидарæй хъахъхъæны æвзонг республикæйы интерестæ, ныллæууыд бæстæйы æхсæнадæмон банымады фæндагыл.

Президент Южной Осетии А.Э. Гаглоев

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Дипломатон кусæджы боны цытæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагполитикон уагдонæн йæ райрæзты фæндаг уыд зын. Æдзухон тæссагдзинадмæ ‘нæкæсгæйæ, хуссарирыстойнаг дипломаттæ алыхатт дæр сæ профессионалон хæс æххæст кодтой, ныфсджынæй хахъхъæдтой бæстæйы интерестæ.

2008 азы Уæрæсейы Федераци куы банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад, уæдæй фæстæмæ уагдоны куысты æмвæзад бирæбæрцæй фæбæрзонддæр.

Зæрдæвæрæны мæйы 28-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзтыл сæххæст 31 азы. 2011 азæй фæстæмæ ма ацы бон у хуссарирыстойнаг дипломатты профессионалон бæрæгбон.

Ацы ахсджиаг бон баст у Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад сфидар кæнынимæ. 1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон, æндыгъд уавæрты, æнæрлæугæ агрессийы рæстæджы, Хуссар Ирыстоны Уæлдæр советы сессийы райстæуыд Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны Акт æмæ сарæзтæуыд фыццаг хицауад, кæцыйы сконды фæзынд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад дæр.

Ахсар Джиоев

Æхсар Мураты фырт, хуссарирыстойнаг æддагон политикæйы сæйраг домæнтæ абоны бон цавæр сты?

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады архайды сæйраг нысан у Хуссар Ирыстоны Президент цы æддагон политикæ снысан кæны, уый æххæст кæнын. Уыцы политикæ здæхт у Хуссар Ирыстоны национ интерестæ, йæ суверенитет æмæ Республикæйы æддейæ цы æмбæстæгтæ цæры, уыдон хъахъхъæнынмæ, бæстæйы размæдзыдæн аккаг уавæртæ саразынмæ.

Круглый стол «Южный Кавказ: современные угрозы и вызовы региональной безопасности»

Зæрдæвæрæны мæйы 23-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста тымбыл фынг «Южный Кавказ: современные угрозы и вызовы региональной безопасности»-йы куысты, кæцы ацыд Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты.

Мадзалы хайад райстой Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты минæвæрттæ ректор Огъуаты Аланы сæргълæудæй. Уыдон æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ кусæгон балцы.

31 год Зарской трагедии

Æрвылаз дæр зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц гуырдзиаг агрессийы амæттæгты Мысæн бон.

1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон, гуырдзиаг хæстон агресси Хуссар Ирыстоны ныхмæ куы сытынг, уæд Зары «царды фæндагыл» гуырдзиæгтæ æмбæхст ранæй æгъатырæй ныццагътой, сæ цард фервæзын кæнынмæ Хуссар Ирыстонæй Цæгатмæ чи лыгъд, уыцы ирон æмбæстæгты. Уыцы æбуалгъ фыдракæнды фæмард 33 æнаххос адæймаджы, уыдоны нымæцы сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ. 

Форум «Global Abkhazia»

Зæрдæвæрæны мæйы 17-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста форум «Global Abkhazia»-йы, кæцы уагъд æрцыд Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзтыл 30 азы сæххæсты цытæн.

Встреча Министра иностранных дел Республики Южная Осетия А.М. Джиоева с Министром иностранных дел Республики Абхазия И.Б. Ардзинба

Зæрдæвæрæны мæйы 16-æм бон Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбайы фембæлд.