РХИ-йы æддагполитикон уагдоны Сырæзты боны цытæн Республикæ Арцахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Газаряны арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ

А.М. Джиоев и С.В. Газарян

РХИ-йы æддагполитикон уагдоны Сырæзты боны цытæн Республикæ Арцахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Газарян арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Дипломатон службæ цы хайбавæрд бахаста æддагполитикон аренæйы бæстæйы интерестæ хъахъхъæныны, афтæмæй ма паддзахады суверенитет фидар кæныны, йе ‘дасдзинад фæбæрзонддæр кæныны хъуыддаджы, уымæн саргъ кæнæн дæр нæй.

Ныфс дарын, Арцах æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн рагон хæларадон ахастытæ дæрддæр дæр алыхуызон фадгуыты размæ кæй цæудзысты».

28.05.2023