Уæрæсейы 'рдыгæй Республикæ Абхазы хæдбардзинады банымадæй 18 азы рацыды цытæн майрæмты мæйы 27-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы Сухуммæ балцы фæлгæтты ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры х.æ. Одиссей Бигвавайы фембæлд.
Сообщения МИД РЮО
Майрæмты мæйы 26-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Æхсары сæргълæудæй бабæрæг кодта Æхсæнадæмон фестиваль-конкурс «Сæрыстырты музыкæ»-йы гала-концерт Сухумы.
Мадзалы фæлгæтты Джиоты Æхсар бакаст Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Хæстæ æххæстгæнæг Хъамболты Мараты арфæ Республикæ Абхазы Президент Бадра Гунбайæн Абхазы Æхсæнадæмон банымады боны фæдыл.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
Майрæмты мæйы 26-æм бон Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары сæргълæудæй Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци хайад исы Уæрæсейы Федерацийы 'рдыгæй Республикæ Абхазы хæдбардзинад æмæ паддзахадон суверенитеты банымадæй 18 азы рацыды цытæн мадзæлтты.
Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры уынаффæгæнæг Тадтаты Сергей æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты фæдыл хайады сæрдар Санахъоты Алексей.
Майрæмты мæйы 26-æм бон нысан цæуы Уæрæсейы Федерацийы 'рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй æстдæс азы рацыды бæрæгбон.
18 азы размæ, ИНО-йы уагæвæрдтæ æмæ æндæр æхсæнадæмон бындурон документтæ хынцгæйæ, Уæрæсейы Федерацийы Президент Д.А. Медведев бафыста Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон суверенитет банымайыны фæдыл историон Барамынд. Республикæ Хуссар Ирыстон ссис æхсæнадæмон барады æххæстбарджын уæнг.
Майрæмты мæйы 25-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары сæргълæудæй æрцыд Республикæ Абхазмæ, цæмæй хайад райса Уæрæсейы Фæдерацийы 'рдыгæй Республикæ Абхазы хæдбардзинады банымадæй 18 азы рацыды бæрæгбоны.
Делегацийы сконды Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Уынаффæгæнæг Тадтаты Сергей æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты фæдыл хайады сæрдар Санахъоты Алексей.
Стыр хъыгзæрдæимæ райстам Абхазы паддзахадон æмæ политикон архайæг, абхазаг адæмы аккаг фырт æмæ патриот, ирд æмæ принципиалон дипломат, Хуссар Ирыстоны æмæ хуссарирыстойнаг дипломатон службæйы стыр хæлар, Абхазы фыццаг Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Игорь Мураты фырт Ахбайы цардæй æнæрæстæджы ахицæны охыл цау.
Игорь Мураты фырты номимæ Абхазы нырыккон историйы баст у æнæхъæн эпохæ. Йæ цардвæндаг æппæтæй дæр снывонд кодта йæ адæм æмæ йæ Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн, кæцыйы интерестæ хъахъхъæдта æрвылбон дæр.
Майрæмты мæйы 14-æм бон, 1992-1993 азты Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты охыл Цхинвалы Сыгъдæг Мады Майрæмы Райгуырды аргъуан æмæ Сыгъдæг Æртæиуоны аргъуаны ацыдысты фæмард Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ æмæ цæрджыты рухс нæмттыл службæтæ.
Майрæмты мæйы 12-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста историон зонæдты доктор, профессор, Уæрæсейы Федерацийы зонæдты сгуыхт архайæг Цыбырты Людвигы монографи «Алания – Осетия и Дагестан»-ы презентацийы, кæцы ацыд Анахарсисы номыл Национ библиотекæйы конференц-залы.
Авторы ныхæстæм гæсгæ, куыст у Ирыстон æмæ Дагестаны 'хсæн историон æмæ культурон ахастыты размæдзыд бæстонæй сбæрæг кæныны фæлварæн.
Майрæмты мæйы 7-8 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æвзонг дипломатты советы Сæрдар Гаглойты Иосифы сæргълæудæй хайад райста Æхсæнадæмон форум «Æвзонг Абхази»-йы Сухумы, кæцы сарæзта фæсивæдон æхсæнадон-политикон змæлд «Æвзонг Абхази».
Гаглойты И. раарфæ кодта форумы организатортæ æмæ уазджытæн æмæ бузныджы ныхæстæ загъта мадзалы хайад райсыны фадаты тыххæй, афтæмæй ма бахахх кодта, фæсивæдæн ахæм фæзуаттæ фадат кæй дæттынц сæ хайбавæрд иумæйаг хъуыддагмæ бахæссынæн.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар радта интервью индонезиаг рауагъд «Lentera Merah»-æн, кæцыйы радзырдта хуссарирыстойнаг паддзахады райрæзты истори æмæ Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйы ахсджиагдæр здæхтытæ, афтæмæй ма бæстонæй æрдзырдта ирон традицитæ æмæ культурæйы фæдыл, цæмæй индонезиаг кæсджыты базонгæ кæна Хуссар Ирыстонимæ.
Интервью бакæсæн ис ам:
Майрæмты мæйы 8-æм бон, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæстон агрессийæ æстдæс азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ ацыдысты Республикæйы æдде дæр.
Мæскуыйы Ирвæзынгæнæг Чырыстийы Аргъуаны ссардтой гуырдзиаг агрессийы рæстæджы фæмардуæвæг Хуссар Ирыстоны цæрджыты рухс нæмттæ, афтæмæй ма Цхинвалы хъахъхъæнджыты, ирон æмæ уæрæсейаг Фидауынгæнæг тыхты хæстонты, уæрæсейаг æфсады солдаттæ æмæ офицерты рухс нæмттæ, кæцытæ сæ царды аргъæй хъахъхъæдтой Хуссар Ирыстоны.
Майрæмты мæйы 8-æм бон Сухумы æхсæнадæмон форум «Æрыгон Абхаз»-ы фæлгæтты ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Абхазы Астамур Кацияйы фембæлд змæлд «Æрыгон Абхаз»-ы минæвæрттимæ.
2008 азы майрæмты мæйы цаутæ сæ зæрдыл кæй дарынц, уый фæдыл А. Кация бузныджы ныхæстæ загъта змæлды минæвæрттæн, афтæмæй ма бахахх кодта, ацы бонты 18 азы размæ Хуссар Ирыстоны адæм кæй бахъахъхъæдтой сæ сæрибар æмæ хæдбардзинад.