2009 азæй райдайгæйæ, Гуырдзыстон æрвылаз дæр рахæссы Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблейы рæгъмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй лигъдæтты фæдыл резолюци. Азæй азмæ документ фæлхат кæнгæйæ, Гуырдзыстоны фæнды дунеон æмæхсæнадæн бауырнын кæнын лигъдæтты проблемæмæ иуварсон, политизацигонд æмæ сыдывд цæстæнгас, уыимæ иумæ ма сæ фæнды равдисын сæ бартæ сыхаг паддзахадтæ – Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территоритæм.
Заявления МИД РЮО
Сирийы Хъахъхъæнынады министрады хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, джеоргуыбайы мæйы 27-æм бон, деэскалацийы фæдыл бадзырд фехалгæйæ, террористон организаци «Хайят Тахрир ан-Шам»-йы къорды боевиктæ æрбабырстой территоритæ Алеппо æмæ Идлибмæ.
Хæцæг фарсыты бафидауын кæныны фæдыл Сирийы уæвæг уæрæсейаг центр куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ Сирийы æфсад сликвидаци кодта 400 террористмæ æввахс.
Хуссар Ирыстоны сты террористон къордтæ уавæр кæй æндыгъд кæнынц, уый ныхмæ, æмæ, бадзырдадты ахсджиагдзинад нысан кæнгæйы, сты официалон Дамаскы 'вварс.
Сирийы Хъахъхъæнынады министрады информацимæ гæсгæ, кæфты мæйы 2-æм бон Израилы хæстон-уæлдæфон тыхтæ фæцæф кодтой Сириаг Араббаг Республикæйы территорийы. Атакæйы рæстæджы фæмард сты 3 адæймаджы, ноджы æртæ та фесты цæфтæ.
Хуссар Ирыстоны сты израилаг фарсы архайдтыты ныхмæ, кæцыты фæстиуæгæн хæлд цæуынц САР-йы суверенитет æмæ æхсæнадæмон барады бындурон нормæтæ. Радон хатт та атакæйы сæйраг нысан уыдысты Сирийы инфраструктурæйы ахсджиаг объекттæ, сæйрагдæр та – цæрджытæ.
Майрæмты мæйы 26-æм бон Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хæдбардзинады банымадæй рацыд æхсæрдæс азы.
Хуссар Ирыстоны ног историйы ацы ахсджиаг бон баст у 2008 азы майрæмты мæйы трагикон цаутимæ. Уæд æппæт æхсæнадæмон бадзырдадты сæрты ахизгæйæ, Саакашвилийы фыдракæнд режим расидт гæрзифтонг конфликт æмæ йæ разы сæвæрдта хæс, цæмæй æнæбасæтгæ ирæтты фесафа зæххы цъарæй æмæ Хуссар Ирыстоны та фестын кæна «сыгъдæг быдыр».
Майрæмты мæйы æхсæзæм бон киевы режим сарæзта Курскы облæсты террористон атакæ, Украинæйы гæрзифтонг тыхтæ æрбабырстой, цæмæй бацахсой Суджаны районы территори.
Ацы фыдракæнд архайдтыты фæстиуæгæн ис адæймаджы зиæнттæ, се ‘хсæн цæрджытæ дæр, ныппырх сты бæстыхæйттæ.
Уæрæсейаг хæстонтæ УФ-йы Æдасдзинады федералон службæимæ иумæ иуварс кæнынц украинæйы хицæн гæрзифтонг арæзтадты Курскы облæсты территоримæ мидæмæ бахизыны фæлварæнтæ.
Сусæны мæйы 15-æм бон Уæрæсейы Федерацийы Минæварады Бельгийы ацыд церемони, кæцыйы Уæрæсейы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Бельгийы Александр Токовинин схорзæхджын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæвар Бенилюксы бæстæты (Бельги, Нидерланды æмæ Люксембургы) Пухаты Радионы «Æмбæстаджы кадджын нысан»-æй.
32 азы размæ, зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Совет райста историон документ – Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны фæдыл акт.
Ацы документы райст æнæмæнг уыд хи паддзахад саразынæн, Хуссар Ирыстоны адæмы бартæ бахъахъхъæнынæн. Хæдбардзинады акт здæхт уыд адæмы фервæзын кæнынмæ Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æдзухон геноцидæй. Уæдæй фæстæмæ райдыдта Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæтварсон райрæзт æмæ размæдзыд.
Хуымгæнæны мæйы 8-æм боны Республикæ Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц Конституцийы бон. 2001 азы хуымгæнæны мæйы 8-æм боны референдумы ист æрцыд бæстæйы сæйраг документ.
Сæйраг закъон сфидар гæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ равзæрстой суверенон паддзахад аразыны, паддзахаддзинад размæдзыды æмæ райрæзты фæндаг.
Паддзахаддзинады ахсджиаг иуæг æмæ Республикæйы барадон æмæ политикон системæйы бындур уæвгæйæ, Хуссар Ирыстоны Конституцийы сæмбырд сты æппæтнацион хæзнатæ, уымæй дарддæр ма у бæстæйы размæдзыдæн раст фæндаг æвдисæг.
Джеоргуыбайы мæйы 23-æм бон рацыд 34 азы хуссарирыстойнаг адæмы сæ сæрибар, сæ зæххыл цæрыны бартыл тох кæнынæй. Нæ Фыдыбæстæйы ног историйы ацы бон у вазыгджын æмæ нысан кæны æвæджиау хæддыхдзинад æмæ адæмы иудзинад.
Ацы бон 1989 азы мингай гуырдзиаг националисттæ гæрзифтонгæй æрбацыдысты Цхинвалмæ нæбасæтгæ ирæттæн «зонд бацамоныны» фæндимæ. Фæлæ сæ фæндтæ сæ къухты нæ бафтыдысты. Ирон адæм æрбаиу сты æмæ сын сæ фæндаг æрæхгæдтой. Уый уыд национ иудзинады æвдисæн.
2023 азы джеоргуыбайы мæйы 6-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл, Гуырдзыстонимæ арæнгæрон Ленингоры районы хъæу Æмдзаринмæ хæстæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны арæны сæрты рахизджыты ‘рцахсыны рæстæджы æрцыд цау, кæцыйы фæстиуæгæн Гуырдзыстоны æмбæстæгтæй иу фæцæф æмæ фæстæдæр фæмард, ноджы иу æрцыд ахст.
Абон хуссарирыстойнаг адæм нысан кæнынц ахсджиаг бæрæгбон- Республикæ Хуссар Ирыстоны бон.
1990 азы рухæны мæйы 20-æм бон Хуссар-Ирыстойнаг автономон облæсты адæмон депутаттæ расидтысты Советон Цæдисы сконды Хуссар- Ирыстойнаг Советон Демократон Республикæ. Республикæйы расидт æппæтварсонæй дзуапп дæтта æхсæнадæмон-барадон нормæтæн æмæ Советон Цæдисы уæды рæстæджы архайæг закъæттæн. Ист æрцыд национ суверенитеты фæдыл деклараци æмæ бындуриуæг кодта нацийы хæдуагæвæрды бартыл- историон рæстдзинад сног кæнын, наци бахъахъхъæнын скуынæг кæнынæй.
Рухæны мæйы 19-æм боны Республикæ Хуссар Ирыстоны нысан цæуы Паддзахадон тырысайы бон.
Герб æмæ Кады зарæгимæ иумæ, тырыса у паддзахады ахсджиагдæр символтæй иу.
Суверенитет æмæ арф культурон хъуыды цы хæдбар бæстæ хæссы, уымæн ахсджиаг хай у паддзахадон символикæ. Паддзахадон символты сæмбырд сты ивгъуыды цаутæ æмæ фидæны ныфс, уыдон æппæтварсонæй адæмы æнгомдæр кæнынц.