Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста ХИПУ-йы тымбыл фынджы куысты æмæ ХИЗИИ-йы Дзабиты Алыксандры монографийы презентацийы

Круглый стол «Южный Кавказ: современные угрозы и вызовы региональной безопасности»
Круглый стол «Южный Кавказ: современные угрозы и вызовы региональной безопасности»
Круглый стол «Южный Кавказ: современные угрозы и вызовы региональной безопасности»
Презентация монографии А.П. Джабиева
Презентация монографии А.П. Джабиева

Зæрдæвæрæны мæйы 23-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста тымбыл фынг «Южный Кавказ: современные угрозы и вызовы региональной безопасности»-йы куысты, кæцы ацыд Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты.

Мадзалы хайад райстой Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты минæвæрттæ ректор Огъуаты Аланы сæргълæудæй. Уыдон æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ кусæгон балцы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар ма хайад райста Дзабиты Алыксандры монографи «Становление межгосударственных отношений РЮО и РФ»-йы презентацийы. Дзабиты Петры фырт Алыксандр у Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты социалон-экономикон иртæстыты хайады хистæр зонадон кусæг, экономикон зонæдты кандидат.

Монографи фыст у 2008-2022 азты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæнпаддзахадон ахастыты райрæзтыл, дзырд дзы цæуы РХИ-йы размæдзыды фарстытыл, дыууæ бæстæйы æхсæнпаддзахадон ахастытимæ баст бындурон проблемæтыл.

Дзабиты Алыксандр ныффыста 90 зонадон уацæй фылдæр, аст чиныджы, фондз монографийы дунеон экономикæ, æхсæнадон базарад æмæ таможнæйы хъуыддæгты фæдыл.

Цхинвал, 2023 азы зæрдæвæрæны мæйы 24-æм бон

 

24.05.2023