Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйы ахсджиагдæр хæсты фæдыл
Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад цы бæстæтæ банымадтой, уыдон нымæц ауæрæх кæныны фарста у республикæйы æддагполитикон стратегийы ахсджиагдæр здæхт.
Хуссар Ирыстоны æддагполитикон уагдон дарддæр дæр активонæй кусдзæн уыцы бæстæтимæ, кæцытимæ ис дипломатон ахастытæ. Афтæмæй ма йæ разы æвæры хæс, цæмæй республикæйы хæдбардзинад фылдæр бæстæтæ банымайой æмæ хæларадон æхсæнадæмон фæзуаттыл бастдзинæдтæ размæ кæна.