Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары интервью газет «Южная Осетия»-йæн

Ахсар Джиоев

Æхсар Мураты фырт, хуссарирыстойнаг æддагон политикæйы сæйраг домæнтæ абоны бон цавæр сты?

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады архайды сæйраг нысан у Хуссар Ирыстоны Президент цы æддагон политикæ снысан кæны, уый æххæст кæнын. Уыцы политикæ здæхт у Хуссар Ирыстоны национ интерестæ, йæ суверенитет æмæ Республикæйы æддейæ цы æмбæстæгтæ цæры, уыдон хъахъхъæнынмæ, бæстæйы размæдзыдæн аккаг уавæртæ саразынмæ.

Абоны бон æхсæнадæмон ахастытæ цы зындзинæдтæ ‘ййафынц, уыцы уавæртæм æнæкæсгæйæ, Хуссар Ирыстоны дипломати уæддæр цадæггай дарддæр кæны йæ куыст, йæ хæстæ æххæст кæны.

Æнæдызæрдыгæй, хуссарирыстойнаг æддагон политикæйы сæйраг здæхт у нæ стратегион партнер- Уæрæсейы Федераци æмæ йæ субъекттимæ, сæйраджыдæр РЦИ-Аланиимæ, хæларадон ахастыты райрæзт æмæ размæдзыд.

Министрад архайы, цæмæй нын нæ хæдбардзинад цы бæстæтæ банымадтой, уыдонимæ æмгуыстад рæза, размæ цæуа. Уымæй дарддæр ма архайы æндæр бæстæтимæ æмæ æхсæнадæмон организацитимæ ахастытæ сфидар кæныныл. Уæлдай хъусдард здæхт у Республикæйы кой бæрзонд æмвæзадмæ скæнынмæ.

Цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны фылдæр бæстæтæ банымайой, уымæн исты фадæттæ ис?

Хуссарирыстойнаг дипломатийы сæйраг домæнты ‘хсæн ис æхсæнадæмон ахастытæ апарахат кæнын. Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад кусы хæларадон бæстæты нымæц фæфылдæр кæныныл, алыхуызон æмвæзадтыл фембæлдтытæ аразыныл. Уый бынтон хуымæтæг хъуыддаг нæу, хъæуы дзы рæстæг æмæ быхсын.

Дипломатон ахастытæ цы бæстæтимæ нырма фидаргонд не ‘рцыдысты, уым дæр кусынц нæ минæвæрттæ. Алы æмæ алыхуызон политикон къордты ссарæм Республикæ Хуссар Ирыстоны интерестæ чи æмбары æмæ се ‘вварс чи у, ахæмты, ахъаз стæм фæсарæнты ирон культурæ æмæ аивады фадыджы проектты райрæзтæн. Кусæм, абоны бон уал нæ къухты цытæ бафтыд, уыдоны дарддæры райрæзтыл, уæрæх кæнæм Министрады æмгуыстад диаспоратимæ.

РХИ æмæ УФ-йы ‘хсæн дипломатон ахастытæ куы сфидар сты, уымæй рацыд 15 азмæ ‘ввахс. Æхсæнпаддзахадон ахастыты райрæзтæн йæ хатдзæгтæ цавæр сты? Æмæ ма, дæ хъуыдымæ гæсгæ, цæуыл хъæуы бакусын нæ дипломатты?

2008 азы Уæрæсейы Федераци банымадта  Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад, дыууæ паддзахады ‘хсæн сфидар сты дипломатон ахастытæ, афтæмæй ма Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн бафыстæуыд Хæларад, æмгуыстад æмæ иумæйаг æххуысы фæдыл Бадзырд. 2023 азы уыцы цаутыл æххæст кæны 15 азы.

Уæдæй нырмæ дывæрсон æмгуыстадæн æрæвæрдæуыд фидар бындур. Фæлæ уымæ ‘нæкæсгæйæ, дарддæр цæуы бадзырдон-барадон бындур фидар кæныны фæдыл куыст.

Æмткæй райсгæйæ, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн ахастытæ рæзынц. Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы Федераци уыдис æмæ у регионы сабырад æмæ æдасдзинады гарант, æмæ æмархайды фадыджы йæхимæ цыдæриддæр райста, уыдон бæрнонæй æххæст кæны.

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн ахастытæн ис хъæздыг истори æмæ арф уидæгтæ, нæ адæмы нын иу кæнынц монон æмæ культурон иуæгтæ. Уæрæсеимæ æмгуыст кæнын ирон адæм рагæй фæстæмæ равзæрстой æмæ уый ныры тæссагдзинад хынцгæйæ, ссис ноджы актуалондæр.

2022 азы æртхъирæны мæйы Уæрæсейы Федераци Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæты хæдбардзинад банымайыны уынаффæ куы рахаста æмæ Донбассы цæрджыты бахъахъхъæныны фæдыл сæрмагонд хæстон операци ауадзыны фæнд куы скодта, уæд Хуссар Ирыстон балæууыд Уæрæсейы фарсмæ. Æмæ канд уым нæ, фæлæ ма Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæтæ, Запорожье æмæ Херсоны облæстытæ Уæрæсемæ баиу кæныны хъуыддаджы.

Уæлдай ахсджиаг у, не ‘мбæстæгтæй бирæтæ уæрæсейаг æфсымæртимæ иумæ кæй хæцынц Донбассы зæххыл сабырады сæраппонд. Не ‘мбæстæгты хъайтардзинады тыххæй мах арæх фехъусæм. Нæ сæртæй сын ныллæг кувæм. Хуссар Ирыстон æрвиты Донбассмæ гуманитарон æххуыс, райста йæхимæ Донбассы республикæтæй лигъдæтты.

Хуссар Ирыстоны адæм стыр аргъ кæнынц Уæрæсейы адæмимæ рагæй фæстæмæ ныффидаргонд хъарм, хæларадон ахастытæн æмæ Уæрæсейы æххуысæн.

РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæргъ куы слæууыдтæ, уæд дын фыццаг фембæлд ацыд УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ. Цы тæлмæнтæ дæм ныууагъта?

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады къухдариуæггæнæг куы сдæн, уæд мæ фыццаг балц фæсарæнтæм уыд Уæрæсейы Федерацимæ, уым ацыд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ фембæлд. Дывæрсон ахастытыл дзургæйæ, æхцонæй банысан кодтам, бадзырдон-барадон бындурыл цы куыст бакондæуыд, уым бирæбæрцæй кæй зыны нæ хæларадон ахастыты здæхт.

Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æппæтварсонæй æххуыс кæны, цæмæй нæ интерестæ размæ цæуой æхсæнадæмон æмвæзадыл. Уый у Уæрæсейы принципиалон позици. Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров ирдæй æмæ бæлвырдæй загъта, Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгады ахаст Хуссар Ирыстонмæ кæй у æнæаивгæ.

Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц Сергей Лавровы хайбавæрдæн, æмæ нæ бæстæты хсæн цы дывæрсон ахастытæ ныффидар сты , уыдоны дарддæры размæдзыды ‘вварс кæй у, уымæн.

Ацы бонты нысан кæнæм РХИ-йы хæдбардзинады Акты райст. Дæ ахаст уыцы документмæ цавæр у?

Хуссар Ирыстоны паддзахады сырæзт æмæ хæдбардзинады Акты райст систы æнæмæнгхъæуæг ирон адæмы царды, сæ сæрибардзинады сæрыл тохы.

Уыцы историон уынаффæ дзуапп дæтта æхсæнадæмон барады домæнтæн æмæ ныффидар кодта Хуссар Ирыстоны адæмы хъуыды, кæцы равдыстæуыд 1992 азы референдумы. Хуссар Ирыстоны адæмы бартæ æмæ сæрибардзинад бахъахъхъæнынæн уæд иунæг ахæм мадзал уыд хи паддзхад саразын.

20 азы дæргъы Хуссар Ирыстон бирæ зындзинæдтæ æмæ хъизæмæрттæ баййæфта. Уый дын гуырдзиаг сæрмагонд службæты къухæй фыдракæндтæ æмæ террор, экономикон æмæ информацион блокадæ, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй комкоммæ хæстон агресси, кæцыйæн йæ сæйраг нысан уыд скуынæг кæнын, кæннод та фæсурын ирæтты сæ фыдæлты зæххæй.

Уыдæттæм æнæкæсгæйæ, Хуссар Ирыстон бабыхста, фæлæууыд. Бабыхста, фæлæ бирæ зындзинæдтæ, хъуагдзинæдтæ æмæ зиæнттæ бавзæрста. Дзæвгар азты дæргъы хуссарирыстойнаг адæмы тох сæрибар æмæ хæдбарады сæрыл æркодта уымæ, æмæ 2008 азы майрæмы мæйы 26-æм бон Уæрæсейы Федераци банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.

Куыд бæрæг кæныс Женевæйы дискусситы эффективондзинад?

Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыдæгты министрады кусты ахсджиаг здæхт уыдис æмæ у Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы архайын. Уыдон абоны бон сты иунæг ахæм æхсæнадæмон бынат, цыран Хуссар Ирыстонæн йæ бон у йæ позици æвдисын æмæ хъусдард цы фарстытæм хъæуы аздахын, уыдон хъусын кæнын. 

Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситæ байгом сты 2008 азы кæфты мæйы 15-æм бон. Сæ сæйраг нысан у Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æдасдзинад.

15 азы дæргъы Женевæйы дискусситы Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз тырнынц, цæмæй Гуырдзыстоны ‘рдыгæй бафыстæуа тыхæй ма спайда кæныны фæдыл фидыд, кæцыйæн ис фидар æхсæнадæмон бындуртæ. Фæлæ дискусситы цыд куыд уынын кæны, уымæ гæсгæ Гуырдзыстоны хицауад нырма цæттæ нæу ахæм фидыд бафыссынмæ. Гуырдзиаг фарс пайда кæны Женевæйы дискусситæй æмæ ‘ндæр æхсæнадæмон бынæттæй уæвæг проблемæтыл дзурыны æмæ сæ скъуыддзаг кæныны фæдыл нæ, фæлæ йæ политикæ хъарынæн. Уый хауы лигъдæтты проблемæтæм дæр.

Фæлæ уæддæр мах хъуыды у, ныхас кæнынæн Женевæйы дискусситæ кæй сты иттæг ахсджиаг бынат. Уæрæсейаг æмæ абхазаг партнертимæ дарддæр кæндзыстæм ацы фембæлдты фæлгæтты цы фарстытыл цæуы дзырд, уыдонмæ иумæйаг здæхт аразын.

Гуырдзыстоны бæрæг бæлвырд политикон æмæ хæстон тыхтæ Хуссар Ирыстоны ‘рдæм нæ уадзынц сæ реваншистон политикæ, уымæн бæлвырдгæнæн уыд гуырдзиаг легионы уæнгты æрæджыйы видеосидт, кæцытæ Украинæйы хæцынц УФ-йы гæрзифтонг тыхты ныхмæ, æмæ РХИ-йы арæны Гуырдзыстонимæ рæстæгæй рæстæгмæ аразынц провокацитæ. Цы зæгъдзынæ уый фæдыл?

Дзыллон информацийы фæрæзтæй арæх хъусæм ныгуылæйнаг политикты сидтытæ Сухум æмæ Цхинвалы ныхмæ балц райдайыны фæдыл. Бæлвырд у, уыдæттæ кæй не сты нæдæр Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы, нæдæр Уæрæсейы, нæдæр Гуырдзыстонæн йæхи интересты. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах лæмбынæгæй нæ хъус дарæм уавæрмæ. Дывæрсон фидыдадты фæлгæтты нын Уæрæсе хъахъхъæны нæ æдасдзинад æмæ Хуссар Ирыстонмæ æрбабырст нымад цæуы Уæрæсемæ æрбабырстыл. Нæ хуссайраг сыхæгтæ хорз бамбæрстой 2008 азы дæнцæг. Фæлæ уымæ ‘нæкæсгæйæ, махæн æдзухдæр нæ уæрæсейаг коллегæтимæ ис бастдзинад, нæ хъахъхъæнынады уагдæттæ æмгуыст кæнынц.

Дипломаты професси æнцон нæу. Хаттæй хатт дипломатон дискусситы бæстæйы интерестæ хъахъхъæнын хæсты быдырæй хъауджы нæ вæййы. Цæмæн равзæрстай ацы фадыг?

Зæгъæн ис, æмæ ацы професси æз нæ равзæрстон, фæлæ уый мæн. Афтæ æрдомдтой уавæртæ æмæ бынтондæр ницæуыл фæсмон кæнын. Кæцыфæнды професси дæр йæхирдыгонау ахсджиаг у, домæнты æддейæ ма дзы вæййы йæхи зындзинæдтæ. Дипломат хъахъхъæны паддзахады интерестæ æмæ позицитæ дипломатон фæрæзты ‘руаджы.

30 азы дæргъы нæ Министрад æмæ йæ фæсарæйнаг уагдæттæ сæ тых сæ бонæй хъахъхъæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагполитикон интерестæ. Куыст цæуы зын фадæтты, уайтагъддæр бахъæуы хъус æрдарын æддагполитикон уавæрмæ, тыхтæ иууылдæр раздахын æрæвæргæ нысæнттæ æххæст кæнынмæ. Уый стыр бæрндзинад у, фæлæ уыимæ иумæ тынг цымыдисон хъуыддаг.

Арфæтæ коллегæтæн

Зæрдæвæрæны мæйы 28-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзтыл æххæст кæны 31 азы. Уыцы бон нысан цæуы, куыд хуссарирыстойнаг Дипломатийы бон. Арфæ кæнын мæ коллегæтæн Дипломатон кусæджы боны цытæн. Мæ зæрдæ сын зæгъы фидар æнæниздзинад, сабырад, фæрныгад, дипломатон куысты ног æнтыстытæ.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын, хуссарирыстойнаг дипломатийæн уæззау рæстæджыты бындур чи æрæвæрдта, уыцы ветерантæн. Æндæр æмæ æндæр азты Министрады сæргъ лæууыдысты аккаг къухдариуæггæнджытæ. Мæ зæрдæ зæгъы цытджын ветерантæн æнæниздзинад æмæ бирæ азты цæрæнбон

https://ugo-osetia.ru/politika/ahsar-dzhioev-diplomat-vsegda-derzhit-ruku-na-pulse-sobytij

27.05.2023