РХИ-йы Дипломатон кусæджы боны цытæн Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовы арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ

А.М. Джиоев и М.М. Кулахметов

Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов РХИ-йы Дипломатон кусæджы боны цытæн рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Хуссар Ирыстоны дипломатон службæйы размæдзыд фидарæй баст у хуссарирыстойнаг паддзахаддзинады сæвзæрды историимæ. Йæ сырæзтæй фæстæмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад фидарæй хъахъхъæны æвзонг республикæйы интерестæ, ныллæууыд бæстæйы æхсæнадæмон банымады фæндагыл.

Бафиппайдзыстæм Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты æмархайды бæрзонд æмвæзад. Нæ иумæйаг куысты фæрцы скъуыддзаг цæуынц æхсæнадæмон фарстытæ, дывæрсон хæстæ. Ныфс мæ ис, нæ æмиуад Уæрæсейы Минæварад Цхинвалы æмæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады коллективты ‘хсæн дарддæр кæй цæудзæн æмæ кæй фидар кæндзæн.

Ацы бон мæ зæрдæ зæгъы дæуæн дæр, цытджын Æхсар Мураты фырт, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны дипломатон службæйы кусджытæн дæр фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад æмæ дарддæры æнтыстытæ æфсымæрон Хуссар Ирыстоны адæмы сæраппонд цы бæрнон хъуыддаг кæнут, уым!»

 

28.05.2023