Комментарии МИД РЮО

Archive

Нæ хъус æрдардтам Европæйы къамисы Сæрдар Урсула Фон дер Ляйены раныхасмæ, кæцы комкоммæ банысан кодта, Европæ кæй хъавы политикон æгъдауæй сириаг хицауадыл бандавынмæ. Уый баст у Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимæ ахастытæ фæивынимæ.

Ахæм фидиуæнтæ нымайæм æхсæнадæмон барады æппæт нормæты ныхмæ æмæ хæдбар паддзахадты мидхъуыддæгтыл, афтæмæй ма суверенон уынаффæтыл æндæвдад. Фон дер Ляйен йæ архайдтытæй халы Европæйы демократийы бындур æмæ традицион принциптæ, кæцытæ бынтондæр рохуаты баззадысты.

МИД Южной Осетии

Фракци «Гуырдзиаг фæнд»-ы сæргълæууæг Иракли Кирцхалия йæ раныхасы гуырдзиаг парламенты фæззыгон сессийы рæстæджы фехъусын кодта, «гуырдзиæгтæ, абхазæгтæ æмæ ирæттæн ис иу фыдыбæстæ æмæ иумæйаг фидæн» æмæ æрсидт «фидар, суверенон æмæ сабырадон паддзахад» аразынмæ. Уыцы раныхас нæ уыд æнæнхъæлæджы. 

Нæ хъус æрдардтам ИНО-йы Æдасдзинады советы фæлгæтты Латви, Дани, Франци, Греци, Иугонд Къаролад, Австри æмæ Португалийы номæй арæзт фидиуæн «Гуырдзыстоны суверенон территоритæ – Абхаз æмæ Цхинвалы регион»-мæ.

Радон хатт та банысангонд паддзахадты æмæ се ‘мцæдисонты зæрдыл лæууын кæнæм, 90-æм азтæй фæстæмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ‘рдæм цæуæг гуырдзиаг къухдариуæгады фыдракæндты сусæг кæныны политикæ ахъаз кæй уыд дарддæры конфликттæн, кæцытæ 'ркодтой мингай амæттæгтæм.

МИД Южной Осетии

Нæ хъус æрдардтам Гуырдзыстоны премьер Кобахидзейы радон фидиуæнмæ, кæцыйы нысан кæны уый, æмæ цалынмæ Мæскуы нымайы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад, уæдмæ Тбилис кæй нæ хъавы Уæрæсеимæ дипломатон ахастытæ сног кæнын.

Нысан куыд цыд, афтæмæй фæстаг бонты Гуырдзыстоны хицауад иу æмæ дыууæ хатты нæ рыздæхт Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы темæмæ – сæрмагондæй, 2008 азы майрæмты мæйы цаутæ æмæ сæ аххосæгтæм.

Гуырдзыстоны ФХъМ сарæзта радон æнаипп фидиуæн «2008 азы уæрæсейаг-гуырдзиаг хæстæй 18 азы рацыды» охыл, цыран æрсидт Уæрæсемæ, цæмæй ссæрибар кæна «йæ территориты æнæзакъонæй оккупаци».

Сыхаг паддзахады æддагполитикон уагдонæн радон хатт йæ хъус дарæм, бар кæй нæй бæлвырд факттæ зыгъуыммæ кæнын. НАТО-йы бæстæтæ Хуссар Ирыстоны 'рдæм агрессийы тыххæй цы дзурынц, уый фæлхатгæнгæйæ, гуырдзиаг ФХъМ дарддæр кæны йæ адæм æмæ дунеон æмæхсæнад дезинформаци кæнын.

Цалынмæ Хуссар Ирыстоны 2008 азы майрæмты мæйы гуырдзиаг хæстон агрессийы амæттæгты номыл мысæн мадзæлттæ цæуынц, уæдмæ НАТО-йы бæстæтæн фæзынд иумæйаг фидиуæн, цыран нысан кæнынц, ома, Уæрæсе йæхи цæттæ кæны Хуссар Ирыстоны аннексимæ.

Бритайнаг хицауады сайтыл Великобритани, Франци, Германи æмæ Италийы номæй мыхуыргонд документы «коллективон Ныгуылæн» радон хатт бафæлвæрдта факттæ сзыгъуыммæ кæнынмæ, уый нымæцы Тальявинийы къамисы куысты фæлгæтты сæхæдæг европæйæгтæ цы сфидар кодтой, уыдон дæр.

МИД Южной Осетии

Гуырдзыстоны парламенты æхсæнадæмон ахастыты комитеты сæрдар Николоз Самхарадзе ОБСЕ-йы ПА-йы политикон фарстатæ æмæ æдасдзинады фæдыл сæйраг комитеты 33-æм æрвылазон сессийы рæстæджы йæ раныхасы, сæрмагондæй, нысан кæны, зæрдæвæрæны мæйы 9-æм бон бафыстгонд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы 'хсæн æмархайд уæрæх кæныны фæдыл Бадзырд кæй у «оккупаци сфидар кæныны æмæ æхсæнадæмон æгъдауæй банымад Гуырдзыстоны территоритæ æрбаиу кæныны Мæскуыйы æнæфæстиуæгджын фæлварæн». Радон хатт та уынæм, гуырдзиаг фарс кæй нæ разы кæны æхсæнадæмон-барадон æцæгдзинадыл.

МИД Южной Осетии

Нæ хъус æрдардтам 2025 азы Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæджы радон докладмæ, кæцыйы дзырд цæуы адæймаджы барты уавæры фæдыл, уый нымæцы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы дæр. Доклады æрмæг у сыдывд, информаци – æцæгдзинадæй дард.

Гуырдзиаг омбудсмены ахæм докладтæн ис æрмæстдæр политикон здæхт æмæ ницы бар дарынц æцæг уавæрмæ. Сæ сæйраг нысан – равдисын Хуссар Ирыстоныл мæнг æндæвдад æмæ дарддæр дæр ма нымайын йæ суверенитет. Хъыгагæн, мидпроблемæтæ скъуыддзаг кæнын æмæ йе’мбæстæгты бартæ хъахъхъæныны бæсты, Гуырдзыстон дарддæр кæны йæ деструктивон политикæ.

МИД Южной Осетии

Адæймаджы барты фæдыл Европæйы тæрхондон радон хатт сарæзта иуфарсон, субъективон къахдзæф æмæ райста уынаффæ, кæцыйы аххосджын кæны Уæрæсейы «2008 азы хæстон конфликты рæстæджы аст гуырдзиаг уацары» бартæ фехалыны хъуыддаджы. 

МИД Южной Осетии

Нæ хъус æрдардтам Стамбулы декларацийы текстмæ, кæцы ист æрцыд Гуырдзыстон, Азербайджан æмæ Турчы æддагполитикон уагдæтты сæргълæуджыты фембæлды фæстиуджыты фæдыл. Декларацийы, сæрмагондæй, ногæй дзырд цæуы «Гуырдзыстоны æхсæнадæмон æгъдауæй нымад арæнтыл суверенитет æмæ территориалон иудзинад сног кæнын»-ы тыххæй. 

Радон хатт та зæрдыл лæууын кæнæм, «Гуырдзыстоны æхсæнадæмон æгъдауæй банымад арæнтæ»-йы æмбарынад дзуапп кæй нæ дæтты Советон Цæдисы ныппырхы æмæ уый фæстæ сæвзæргæ геополитикон уавæртæн. 

МИД Южной Осетии

Хурхæтæны мæйы 4-æм бон ИНО-йы Генералон ассамблейы 80-æм сессийы фæлгæтты радон хатт ист æрцыд Гуырдзыстонæй сразæнгардгонд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй лигъдæттæ æмæ мидбынаты иу ранæй иннæ ранмæ цæрынмæ чи ацыд, уыдоны уавæры фæдыл резолюци. Хъыгагæн та уынæм, æхсæнадæмон фæзуат кæй дарддæр кæны уавæры æцæгдзинадæн дзуапп чи нæ дæтты, ахæм позицийыл хæцыны хъуыддаг. 

МИД Южной Осетии

Нæ хъус æрдардтам Гуырдзыстоны Паддзахадон Æдасдзинады Службæйы (ПÆС) архайды фæдыл дзуапмæ, кæцыйы Гуырдзыстоны национ æдасдзинадæн æппæты стырдæр тæссагдзинады хуызы æвдыст цæуы Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы «оккупаци», æмæ уый фыццаг хатт нæу.

Тбилис та радон хатт æмбарынадтæ æмæ сæ мидис иннæрдæм кæны æмæ уымæй фæлвары зындгонд факттæ сзыгъуыммæ кæнынмæ. Ногæй та зæрдыл лæууын кæнæм, 2008 азы майрæмты мæйы цауты агрессор кæй у Гуырдзыстон æмæ йæ агрессорыл кæй банымадта Х.Тальявинийы сæргълæудæй Евроцæдисы æхсæнадæмон къамис.