Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2014 азы 1 августæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийы æттæ чи сты, уыдонæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы гоймагдзинад бæлвырдгæнæг паспорттæ (фæсарæйнаг паспорттæ)саразын æмæ раттыны тыххæй æмбырд кæны документтæ. Документтæ фыццаг радыист цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнты æттæ чи ахуыр кæнынц, уыцы абитуриенттæ æмæ студенттæн УФ цы квотатæ радта, уыдонæй УФ уæлдæр ахуыргæнæндæтты чи ахуыр кæнынц, уыдонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийы æттæ чи сты, Республикæ Хуссар Ирыстоны уыцы æмбæстæгты гоймагдзинад бæлвырдгæнæг паспорттæ саразыны тыххæй цы æнæмæнгхъæуæг документтæ бавдисын хъæуы, уыдон номхыгъд

1. Документтæ чи хæссы, уый гоймагдзинады бæлвырдгæнæн.

2. Æмбæлон домындзинæдтæн дзуапп чи дæтты, ахæм æртæ хуызджын фотоныв (35х45).

3. 16 азы кæуыл нæма сæххæст, уыцы кары сывæллæтты райгуырды тыххæй нотариалонæй бæлвырдгонд халдихтæ, афтæ ма сын Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстагдзинад кæй ис, уый тыххæй сæ райгуырды тыххæй бæлвырдгæнæны бавæргæ сыф.

4. 16 азы кæуыл сæххæст, уыцы кары сывæллæтты райгуырды тыххæй нотариалон фидаргонд бæлвырдгæнæнты халдихтæ, афтæ ма сын сæ гоймагдзинад чи бæлвырд кæны, уый æвдисæг бындурон документтæ.

5. Республикæ Хуссар Ирыстоны дипломатон минæварадты кæнæ консулон уагдæтты фæсарæйнаг паспорттæ райсыны сæраппонд документтæ ист кæй æрцыдысты, уыйтыххæй паддзахадон фиддонтæ кæнæ консулон æмбырдтæ фыст кæй æрцыдысты, уый æвдисæг квитанци.

6. 18 азæй 27 азы онгкæуыл цæуы, уыцы нæлгоймæгтæ, цæмæй дырысæй бабæлвырд кæна йæ зонæнтæ куырдиат бадæттыны бонмæ æфсæддон службæмæ æрсидт кæй не ‘рцыдис, уый тыххæй, хъуамæ ма бавдиса æфсæддон билет, кæцыйы нысангонд хъуамæ уа, æрсидтмæ гæсгæ йæ службæ кæд сæххæст кодта, уый, кæнæ кæм цæры, уыцы æфсæддон къамиссариатæй æмбæлон бæлвырдгæнæн.

7. Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты æфсæддон службæгæнджыты, афтæ ма паддзахадон хицауады органтæ, кæцытæ хæсджын сты æфсады баслужбæ кæнынæй, æрсидтмæ гæсгæ æфсæддон службæйы чи ис, уыдонæй дарддæр, фæсарæйнаг паспорт райсыны тыххæй йæ куырдиатимæ уæлæмхас бакæны, командакæнынад ын уый бар кæй дæтты, уый тыххæй æмбæлон æгъдауыл арæзт документ.

8. Республикæ Хуссар Ирыстон Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кæй едзаг кæнынц, ахæм дыууæ экземплярæй конд æмбæлон хуызæджы куырдиат.

9. Фæсарæйнаг паспорт райсыны тыххæй æнæмæнгхъæуæг ранымадгонд документтæн бавдисæн ис æрмæстдæр оригиналы.

 

22.08.2014