Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы арфæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæн æмæ ветерантæн

Президент Южной Осетии А.Э. Гаглоев

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Дипломатон кусæджы боны цытæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагполитикон уагдонæн йæ райрæзты фæндаг уыд зын. Æдзухон тæссагдзинадмæ ‘нæкæсгæйæ, хуссарирыстойнаг дипломаттæ алыхатт дæр сæ профессионалон хæс æххæст кодтой, ныфсджынæй хахъхъæдтой бæстæйы интерестæ.

2008 азы Уæрæсейы Федераци куы банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад, уæдæй фæстæмæ уагдоны куысты æмвæзад бирæбæрцæй фæбæрзонддæр.

Нæ бæстæйы æддагон политикæйы хæстæ бæрæг сты: Уæрæсейы Федераци æмæ æндæр хæларадон бæстæтимæ ахастытæ фидар кæнын, тырнын уымæ, цæмæй нæ бæстæ нымад æрцæуа æхсæнадæмон æмвæзадыл, социалон-экономикон æмæ гуманитарон размæдзыдæн саразын аккаг уавæртæ, афтæмæй ма ахъаз уын Кавказы сабырад æмæ стабилондзинадæн.

Ныфс мæ ис, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ дарддæр дæр сæ куыст уæхскуæзæй кæй æххæст кæндзысты нæ республикæйы национ æдасдзинады сæраппонд.

Ацы ахсджиаг бон уын мæ зæрдæ зæгъы ногдзинæдтæ уæ профессионалон фæндагыл, дипломатон службæйы ветерантæн та фидар æнæниздзинад. Сабырад, хæлардзинад æмæ фæрныгады фæндиæгтимæ.

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

https://presidentruo.org/pozdravlenie-sotrudnikam-i-veteranam-ministerstva-inostrannyh-del/

28.05.2023