Хæдбардзинад расидыны Акты райстæй æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзтæй рацыд 31 азы

Зæрдæвæрæны мæйы 28-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзтыл сæххæст 31 азы. 2011 азæй фæстæмæ ма ацы бон у хуссарирыстойнаг дипломатты профессионалон бæрæгбон.

Ацы ахсджиаг бон баст у Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад сфидар кæнынимæ. 1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон, æндыгъд уавæрты, æнæрлæугæ агрессийы рæстæджы, Хуссар Ирыстоны Уæлдæр советы сессийы райстæуыд Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны Акт æмæ сарæзтæуыд фыццаг хицауад, кæцыйы сконды фæзынд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад дæр.

Паддзахады расидт æрæвæрдта фидар барадон бындур бæстæйы дарддæры размæдзыдæн, æмæ æддагполитикон уагдон та ссис хæдбар Хуссар Ирыстоны ахсджиагдæр уагдæттæй иу. Министрад уæззау æхсæнадæмон æмæ хæстон тæссагдзинады уавæрты хъахъхъæдта æнæбанымад паддзахады интерестæ, бæстæйы æдасдзинад бахъахъхъæныны хъуыддагмæ бахаста стыр хайбавæрд.

Хуссарирыстойнаг дипломатийæн йæ райрæзты æмæ размæдзыды фæндаг уыд зын æмæ цымыдисон. Абоны бон дунейы уавæр у æндыгъд, æдасдзинад бахъахъхъæнын зынæй зындæр кæны, дунейон æмæхсæнад ныллæууыд æхсæнадæмон ахастыты ног системæ аразыны фæндагыл. Фæлæ уæддæр хуссарирыстойнаг дипломаттæ сæ куыст кæнынц, зын геополитикон уавæрты хъахъхæнынц бæстæйы национ интерестæ.

Цхинвал, 2023 азы зæрдæвæрæны мæйы 28-æм бон

 

28.05.2023