Республикæ Хуссар Ирыстоны Дипломатон кусæджы боны цытæн Донецкы Адæмон Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ

Республика Южная Осетия и Донецкая Народная Республика

Республикæ Хуссар Ирыстоны Дипломатон кусæджы боны цытæн Донецкы Адæмон Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арфæйы фыстæг рарвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Абоны бон дунеон дипломатийæн ныллæууыдысты зын рæстæджытæ, арæх æрлæмæгъ вæййы коллективон Скæсæны æндæвдады бын. Уымæ гæсгæ уæлдай ахадгæ у Республикæ Хуссар Ирыстоны дипломатон кусджыты архайд. Уыдон æнæфæцудгæ рæхысау кад æмæ намысимæ хъахъхъæнынц сабырад æмæ æхсæнадон фæрныгад.

Хаттæй хатт зындзинæдтæ дæр фæзыны, фæлæ уæддæр амонд ныфсджынтæм бахуды. Уæдæ Хуссар Ирыстон сæрибардзинады фæндагыл цы ныфсимæ ныллæууыд, уадз æмæ уый фылдæрæй фылдæр кæна, уыимæ иумæ та дипломатийæн зыной ног гæнæнтæ.

Донецкы Адæмон Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арфæ кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ профессионалон фæндагыл бирæ æнтыстыты фæндиæгтимæ».

28.05.2023