Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Сырæзты боны æмæ Дипломатон кусæджы боны цытæн Приднестровьейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевы арфæйы фыстæг Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ

А.М. Джиоев и В.В. Игнатьев

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Сырæзты боны æмæ Дипломатон кусæджы боны цытæн Приднестровьейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьев арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Бирæ азты дæргъы Паддзахад Аланийы æддагполитикон уагдоны коллектив стыр хайбавæрд хæссы дунейон аренæйы бæстæйы суверенитеты фарс хæцыны, РХИ-йы æдде цы æмбæстæгтæ ис, уыдон бартæ хъахъхъæныны хъуыддæгтæм.

Хуссар Ирыстоны æфсымæрон адæмæн паддзахадон арæзтады фæндагыл æмæ æндæр бæстæтимæ æхсæнадæмон бастдзинæдтæ бæстон кæныны хъуыддаджы цы æнтыстытæ ис, уыдонмæ иттæг зæрдæргъæвдæй кæсы Приднестровье. Приднестроваг æмæ ирон дипломатты иумæйаг архайды фæрцы дыууæ паддзахады ‘хсæн сырæзт дывæрсон бадзырдты уæрæх бындур. Ныфс дарын, РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджыты профессионализм æмæ патриотизм дарддæр дæр ахъаз кæй уыдзысты бæстæйы размæдзыдæн».

28.05.2023