2015 азы 16 апрелы Мæскуйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Казбулатæн фембæлд уыдис Республикæ Науруйы делегациимæ, кæцыйы сæргъ лæууыди Президенты Æххуысгæнæг, финансты æмæ юстицийы министр Дэвид Адеанг.
Archive
Ацы бонты Республикæ Хуссар Ирыстон-Италийы Хæлардзинады æхсæнады Президент профессор Мауро Мурджиайы сæргълæудæй кусæгон визиты ис Италийы делегаци.
21 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ культурæйы министрады фарсхæцынадæй байгом уыдзæнис италиаг фотограф Леонардо Маттиолийы фоторавдыст ахæм номимæ: «Хуссар Ирыстон – бæстæ æмæ адæм», кæцы организаци цæуы Итали-Хуссар Ирыстоны Хæлардзинады æхсæнады Президент профессор Мауро Мурджиайы хайадистæй.
Фоторавдыст байгом уыдзæнис киноконцертон зал «Чермен»-ы 21 апрелы 11 сахатыл.
Боливариайнаг Республикæ Венесуэлайы Хуссар Ирыстоны Уæлрадон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Тыбылты Даниель визиты ис Венесуэлайы.
15 апрелы Венесуэлайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады, горæт Каракасы уыдис Минæвары фембæлд Боливариайн Республикæ Венесуэлайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Делси Родригесимæ. Фембæлды Тыбылты Даниель Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрмæ радта æууæнчы грамотаты халдихтæ.
Фембæлды рæстæджы дыууæ фарсы дæр æруынаффæ кодтой дывæрсыг æмкуысткæнынадаг æмæ дыууæ паддзахады ‘хсæн ахастытæ рæзын кæныны дарддæры прспективæтыл.
2015 азы 16 апрелы Луганскы Адæмон Республикæйы уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварад бакæныны церемони.
Минæварад бакæныны церемонийы фæстæ уыдис РХИ минæвæртты фембæлд ЛАР Сæргълæууæг Игорь Плотницкиимæ, кæцыран дыууæ фарсы дæр ныфсдзинад загътой, зæгъгæ, Минæварады куыст ахъаз кæндзæнис Хуссар Ирыстоны æмæ Луганскы ‘хсæн хæлардзинадон бастдзинæдтæ рæзын кæнынæн, афтæ ма гуманитарон, экономикон æмæ æндæр сферæты дывæрсыг ахастытæ рæзын кæнынæн дæр.
Цхинвал, 2015 азы 17 апрель
16 апрелы Донецкы Адæмон Республикæйы горæт Донецкы йæ куыст райдыдта Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварад.
Минæварад бакæныны церемонийы ДАР минæвæрттæ ныфсдзинад загътой, зæгъгæ, Минæварад бакæнын ахъаз кæндзæнис Донбассы æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн гуманитарон, экономикон æмæ æндæр сферæты ахастытæ рæзын кæнынæн.
Æввахсдæр перспективæйы фæнд цæуы, цæмæй ахæм офис баконд æрцæуа Хуссар Ирыстоны сæйраг горæт Цхинвалы дæр.
Цхинвал, 2015 азы 16 апрель
31 марты гуырдзиаг лидер Георгий Маргвелашвили парламенты йæ æрвылазон хыгъды Гуырдзыстоны сæйраг нысаныл банымадта бæстæйы иудзинад æмæ æнæхъæндзинад, кæцы, зæгъы, цæмæй сæххæст уа, уый тыххæй «æнæмæнг хъуыддаг у Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны оккупацийæн кæрон скæнын». Уыимæ иумæ Гуырдзыстоны паддзахады сæргълæууæг æнæмæнг хъуыддагыл банымадта, цæмæй хъуыддагæй фенын кæна йæ аудындзинад абхазæгтæ æмæ ирæтты «хæдбындурдзинад бахъаъхъхъæнын, сæ политикон æмæ культурон бартæ æххæст кæнынæн сын Европæйаг Гуырдзыстоны паддзахад гарант кæй у, уый».
18 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн къухтæ фыст æрцыдысты Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл Бадзырдыл. Документыл къухтæ ’рфыссын равзæрын кодта стыр резонанс. Гуырдзыстон æмæ ныгуылæйнаг къорд бæстæйы, объективон æцæгдзинад нæ нымайгæйæ, Бадзырдыл къухтæ ‘рфыссын банымадтой дунеон барад фехалыныл.
Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл дунеон дискусситы 31-æм раунды фæстиуджыты тыххæй
2015 азы 17-18 марты Женевæйы уагъд æрцыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл радон дунеон раунд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстон, Республикæ Абхаз, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федераци, АИШ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО-йы делегацитæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К.
Абон, 18 марты, Мæскуыйы къухтæ фыст æрцæудзысты æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл Бадзырдыл Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн. Цахæм конкретон позитивон ивындзинæдтæ гæнæн ис æмæ æрцæуой, РХИ æмæ Уæрæсейы `хсæн бадзырд цæмæн ссис æнæууæнчы вотум рахæссыны `фсон, уый тыххæй ИА REGNUM-ы уацхæссæгæн дзуаппытæ дæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагонполитикон уагдоны сæргълæууæг Санахъоты Дауыт.
26 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. фембæлдис Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Минæварады Сæргълæууæг Ян Мишкоцимæ.
25 февралы информаци æмæ мыхуыры Паддзахадон комитеты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. ауагъта пресс-конференци. Уый уагъд æрцыдис «Æргом хицауады»-ы фæлгæтты.
Уæрæсейы Федерацийы Гуырдзыстоны премьер-министры сæрмагонд минæвар Абашидзе Зураб сарæзта æнæнхъæлæджы хъусынгæнинаг, кæцыйы ныфсдзинад зæгъы уый фæдыл, зæгъгæ, кæд «Уæрæсе ахъаз кæна мотиваци кæныны фæдыл мах æмæ ирæтты ‘хсæн, мах æмæ абхазæгты ‘хсæн, уæд мах цæттæ стæм, статусимæ баст æппæт ацы фарстатыл ахæцæм иуæрдæм æмæ сыл иудзæвгар рæстæг бынтондæр мауал уынаффæ кæнæм».