Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсары арфӕйы фыстӕг Приднестроваг Молдаваг Республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Виталий Игнатьевмӕ Дипломатон кусӕджы боны цытӕн

Ахсар Джиоев и Виталий Игнатьев

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар арфӕйы фыстӕг арвыста Приднестроваг Молдаваг Республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Виталий Игнатьевмӕ Дипломатон кусӕджы боны цытӕн.

Сӕрмагондӕй, фыстӕджы дзырдӕуы:

Приднестроваг Молдаваг Республикӕйы дипломатон службӕйӕн уӕзгӕ хайбавӕрд ис ӕрыгон паддзахады арӕзтады. Приднестроваг дипломатты ӕнувыддзинад сӕ бӕстӕйыл ӕмӕ адӕмыл, сӕ бӕрндзинад ӕмӕ стыр профессионализм ахъаз фесты республикӕйы ӕддагон политикӕйы фидар бындур саразынӕн.

Абоны бон Приднестровьейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады куыст ахъаз у конструктивон диалог уӕрӕх кӕнынӕн, бӕстӕйы ном ӕппӕт дунейы сахадынӕн, ӕхсӕнадӕмон ахастыты райрӕзтӕн.

Цытджын Виталий Викторы фырт, ӕдзухдӕр дӕ хъусдард арӕзт у ахсджиаг дывӕрсон фарстытӕ скъуыддзаг кӕнынмӕ. Уый фиппайгӕйӕ, ныфс дарын, нӕ иумӕйаг куысты сӕйрагдӕр здӕхт баст кӕй уыдзӕн ӕппӕтварсон ӕмгуыстады дарддӕры размӕдзыдимӕ.

10.02.2023