Фыстӕг Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолимæ Турчы цæрæг ирон адæмы Æхсæнад «Алан»-ы Сæрдар Хъуысаты Садреттины номӕй

Зынаргъ Анатоли,

Ацы аз августы мӕйы сӕххаест уыдзӕн фашистон Гуырдзыйы ныхмӕ хӕстыл 13 аз.

Æрвылаз августы мæйы æрбалæуыдимæ æрхæндæг кæнынц Хуссар Ирыстоны адæм. Сымахимае иумæ мæт кæнæм мах Турчы цæрæг ирон адæм дæр.

Хуссар Ирыстоны адæмы зæрдæтыл куы æрлæууынц августы сау бонтæ, уæд мах дæр æрымысæм фашистон Гуырдзыйы знаджы бырст Хуссар Ирыстонмæ.

Цасфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр уыцы трагикон цаутæ рох никуы уыдзысты, нæ хъайтарты рухс нæмттæ æнусмæ нæ зæрдыл дардзыстæм.

Абон мах мысæм Хуссар Ирыстоны сæрибардзинады сæрыл знагимæ тохы хъæбатырæй чи фæмард‚ уыдоны.

Зынаргъ Анатоли,

Хæдбар Паддзахад Алани дунейы æппæт паддзахадты æхсæн йæ аккаг бынат куыд ахса, æмæ нæ Ирон Тырыса æнусты дæргъы сæрибарæй куыд фæйлауа, уыцы хорзæх нын стыр Хуыцау балæвар кæнæд.

Хуыцау нын ма уал фенын кæнæд рыст бонтæ. Нæ зынаргъ Ирыстоны сабырдзинад уæд.

06.08.2021