Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады арфæйы фыстæг Республикæ Науруйы фæсарæйнаг хъуыддæгты,базарад æмæ финансты Министрадæн Республикæ Науруйы Хæдбардзинады Боны фæдыл

Южная Осетия и Науру

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арфæйы фыстæг арвыста Республикæ Науруйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты, базарад æмæ финансты министрадæн Республикæ Науруйы Хæдбардзинады Боны фæдыл.

Фыстæджы дзырдæуы:

1968 азы тъæнджы мæйы 31-æм бон Республикæ Науруйы хæдбардзинады банымад фидар бындур æрæвæрдта суверенон паддзахады цардарæзтæн, фæстæдæры иудадзыгон размæдзыдæн.

Абон  Республикæ Науру у дунеон æмæхсæнады æххæстбарджын уæнг, кæддæриддæр йæ политикæ здæхт у бынæттон цæрджыты фæрныгад хуыздæр кæнынмæ.

Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц Республикæ Науруимæ хæларадон ахастытæн, æхсæнадæмон аренæйы алыварсон нысаниуæгджын æххуысæн. Алыхатт дæр зæрдыл дарынц Республикæ Науруйы хайбавæрд Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æппæтдунеон æмвæзадыл банымайыны хъуыддаджы.

Министрады ныфс ис, нæ бæстæты ‘хсæн уæвæг дывæрсон ахастытæ ноджы фидардæр кæй кæндзысты æмæ æмгуыстдзинад æнтыстджынæй кæй цæудзæн.

31.01.2023