Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хаты фæсарæйнаг паддзахадты Хицауадтæм, цæмæй хъусдардмæ райсой, Ирыстоны адæмæн трагикон – XX æнусы 1918-1920 азты Гуырдзыстоны хицауад ирон адæмы ныхмæ кæй сарæзта, уыцы геноцидыл 100 азы бон. 2020 азы 20 июны Ирыстоны алы бинонтæ дæр нысан кæндзысты уыцы фыдохы бон сæ хиуæттæ æмæ æввахс адæмы, гуырдзиаг тыхгæнджыты къухæй фæмардуæвæг, Хуссар Ирыстоны сабыр цæрджыты ном арынæн.
Уæдæй рацыд бирæ азтæ, фæлæ хъизæмайраг рыст нæ сабыр кæны абоны онг дæр. 1920 азы æрцæугæ тугкалæн цаутæн нæй рæстæгæй сбарæн, нæй сын ферох кæнæн, уыцы адæймагады ныхмæ фыдракæндтæн ферохгæнæн куыднæ ис, афтæ.
Рагзаманты ирæтты паддзахад – астæуккагæнусон Алани – уыд иууон-территориалон баиугæнд, кæцыйы æмиу кодта иу æвзаг, уырнынад, культурæ æмæ Кавказы сæйраг хохрагъы фæйнæфарс иумæйаг территори.
Ирыстон-Алани йæ бирææнусон историйы дæргъы æддагон æлдарадæй уыд хæдбар паддзахад, сыхаг Гуырдзыстоны хъауджыдæр, кæцы астæуккаг æнусты 300 азы бæрц уыд Персаг паддзахад æмæ Осмайнаг империйы дæлбар, уæдмæ, цалынмæ XVIII æнусы кæрон æмæ XIX æнусы райдианы уырыссаг æфсад не ссæрибар кодта гуырдзиаг адæмы оккупаци æмæ физикон куынæгкæнынадæй.
Уыцы рæстæджы æддагон тасдзинæдты ныхмæ Ирыстоны иугæндзон ныхмæлæууынад Централон Кавказы цæгат æмæ хуссары æппæт ирон æхсæнадты царды дæр уыдис иугъæдон фæзынд. Фæлæ XVIII æнусы æмбисæй райдайгæйæ Кавказы Уæрæсейы империйы активондзинад куыд тыхджындæр кодта, афтæ дзы ирæттæ сæхицæн æууæнкджын æмцæдисон фенгæйæ Уæрæсемæ райдыдтой хатын, цæмæй сæ айстаид йе скондмæ.
1749-1752 азты Петырбурджы уыд ирон минæварад Ирыстоны хуссар æмæ цæгаты цæрæг æппæт ирон æхсæнадты минæвæртты скондæй. Бæрзонд æмвæзадыл арæзтæрцæуæг минæварад, æмæ бæрзонд æмвæзадыл уагъдæрцæуæг уырыссаг-ирон баныхæстæ уыдысты фидар æвдисæн, Кавказы дæр æмæ Санкт-Петербурджы дæр Ирыстон нымад кæй уыд куыд иууон авторитетон этнонационалон æхсæнад сæрмагонд геополитикон статусимæ.
Баныхæсты фæстиуæгæн арæзт æрцыд æнгом политикон ирон-уырыссаг цæдис. Ирыстон Уæрæсейы Империмæ бацыд 1774 азы, Уæрæсе Туркимæ сабырадон бадзырд куы бафыста, уый фæстæ, кæцы аиуварс кодта Уæрæсейы паддзахады фæлгæтты барвæндон бындурыл Ирыстоны фактон æгъдауæй сфидаркæнынады ныхдуртæ.
Сæрмагондæй банысан кæнын хъæуы, Хуссар Ирыстонимæ сыхагиуæггæнæг уæды гуырдзиаг зæххытæ дæр, Гуырдзыстоны разамынады фæндонмæ гæсгæ, кæй бацыдысты Уæрæсейы империйы скондмæ, фæлæ уый æрцыд 1801 азы император Павелы Манифестмæ гæсгæ – райдианы скæсæн-гуырдзиаг, фæстæдæр та ныгуылæн-гуырдзиаг, кæцытæ Уæрæсейаг империйы фæстæдæр азты хаудысты дыууæ губернимæ – Тифлисаг æмæ Кутаисаг.
Фæлæ, æгæрстæмæй гуырдзиаг зæххытæ Уæрæсейаг империмæ куы бацыдысты, уый фæстæ дæр ирæттæ æвзæрстой фылдæр æндæвдад æрмæст гуырдзиаг феодалты æрдыгæй нæ, фæлæ паддзахы администрацийæ сæ ног сæрхъызойты рдыгæй дæр.
Гырдзиæгтæн ирон территоритæм тырнындзинад куыд «хисæрмагонд зæххытæ» сисс ног гуырдзиаг феодалты традицион политикон курс. Гуырдзиаг æлдарады агрессивон экспансийы ныхмæ сæрибар ирон цæрджыты ныхмæлæудæн алыхатт дæр уыдис адæмон-сæрибаргæнæг характер.
Зындгонд куыд у, афтæмæй 1917 азы Уæрæсейы æрцыд кардиналон æхсæнадон-политикон ивындзинæдтæ. Советон хицауиуæгады фыццаг конституцион акт уыди 1917 азы 15 ноябры истæрцæуæг Уæрæсейы адæмты барты Деклараци, кæцы раздæры Уæрæсейаг Империйы æппæт адæмттæн дæр радта хæдуагæвæрды бар.
Уæрæсейы революцион цаутæ басгуыхтысты империйы ныппырх æмæ Фæскавказы националон-падзахаддзинад аразыны райдæйæн.
Гуырдзиаг Националон Совет гермайнаг оккупацион хицауады æндæвдадæй расидт гуырдзиаг паддзахадон арæзтад. 1918 азы 26 майы гуырдзиаг бындурæвæрæг æмбырд райста акт хæдбар Гуырдзыстоны Демократон Республикæ саразыны тыххæй.
Уæдмæ Ирыстоны уæвынад кодта легитимон æгъдауæй æвзæрстæрцæуæг Ирон Националон Совет, кæцы национ интерестæ хынцгæйæ, реализаци кодта национ нысаниуæджы ахсджиаг хæстæ. 1918 азы 28 майы Ирыстоны делегатты Æртыккаг уанел не сразы ног гуырдзиаг разамынады фæндоныл, йæ хицауиуæгад ын банымайыны тыххæй. Ирæттæ райсгæ хæдуагæвæрды барыл бындуриуæггæнгæйæ хайад нæ райстой Гуырдзыстоны парламентмæ æвзæрстыты.
Ног гуырдзиаг хицауад иуварсонæй сбæлвырд кодта йæ арæнтæ Уæрæсеимæ Сæйраг Кавказы хохрагъыл, сæ хъуыдымæ гæсгæ уый ифтонг кодта Гуырдзыстоны æрдзон хъахъхъæнынад æмæ нысан кодта Ирыстоны хуссар хай æмбæлон уагыл ног гуырдзиаг баиугæнды скондмæ бакæнын. Уыцы планы ныхмæ æрлæууыдысты æрмæстдæр хохрагъы хуссар фарс цæрæг æмæ сæхи УСФСР сконды расидæг ирæттæ.
Ног гуырдзиаг хицауадмæ срæгъæд план – территориалон проблемæ хуссайраг ирæтты ныццæгъдын æмæ Уæрæсеимæ арæнгонд территоритæ ссæрибар кæныны фæрцы аскъуыддзаг кæнын.
Афтæмæй, тæккæдæр 1918 азы Гуырдзыстоны райдыдтой хуссайраг ирæтты ныхмæ ног «демократон» хицауады гарзджын тыхтæй спайда кæнгæйæ куынæггæнæн операцимæ цæттæ кæнын. Ног гуырдзиаг хицауиуæгæнджыты нацистон риторикæ хорз æвдыст æрцыд уæды дуджы периодикон мыхуыры.
Гуырдзыстоны «демократон хицауад» Ирыстонмæ бабырсыны агъоммæ рапарахат кодта ныстуан «Гуырдзиаг хæстонтæм – райгуырæн уæзæг хъахъхъæнджытæм», цы ран сидт «…ма уæд хатыр уæйгæнджытæн, хъæстæ кæлмытæн сæ лæппынтимæ, кæцытæ хъуамæ куынæг æрцæуой. Уый домдæуы гуырдзиаг адæмы хæрзиуæгæн!».
Уæды рæстæджы газетты фыстой «æппæт гуырдзиаг адæмы фидар фæндон æмæ йæ хицауады æнæфæцудгæ уынаффæйы тыххæй – гадзрахатæйцæуджыты ахстон æфсæн цъылынæй асыгъдæг кæнын æмæ амæрзын, æмæ зынг æфсæйнагæй нæ национ буарæй хæфдзаст сынчъытæ стонын» (газет «Эртоба», 1920 азы, 20 июнь).
Ирыстонмæ гуырдзиаг куынæггæнджыты генералон размæбырст райдыдта 1920 азы 12 июны. 20 июнмæ куынæг æрцыд ирон политикон къухдариуæгад. Уыцы бон райсом раджы гуырдзиаг карателтæ фехстой 13 коммунары – Цхинвалы хуымæтæг цæрджыты, кæцытæ аххосджын уыдысты æрмæстдæр уымæй, ирæттæ кæй уыдысты. Хуссар Ирыстоны столицæ Цхинвал бацахсгæйæ райдыдтой сабыр ирон цæрджыты иууылдæр куынæг кæнын.
Гуырдзиаг регулярон æфсады куынæггæнæг операци æркодта мингай сабыр цæрджыты мæлæтмæ – куыд гуырдзиаг хæстонты къухæй, афтæ стонг, уазал æмæ низтæй Ирыстоны цæгат хаймæ Стыр Кавказы æфцгуытыл хизгæйæ. 50 мин адæймаджы бæрц фесæфтой сæ хæдзæрттæ сæ фæллой æмæ сæ бахъуыд сæ цард бахъахъхъæныны охыл Хуссар Ирыстон ныууадзын.
Сæдæгай хъæутæ фæнык фестадысты, мард æрцыд 5 мин адæймагæй фылдæр. Гуырдзиаг æфсæдтæ практикон æгъдауæй басыгътой алы ирон хъæу дæр Цхинвалæй суанг цæгатаг хъæу Рукъы онг, æргæвстой цæрджыты, нæ тæригъæд кодтой нæ дæр сывæллæттæн, нæ дæр сылгоймæгтæн, нæ дæр зæрæдтæн.
Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Рамишвили æрбацыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ æрсидт ирæттæм, цæмæй æрыздæхой сабыр куыстмæ æмæ сæндидзын кæной сæ цæрæнуæттæ. Фæлæ йын уадиссаг фæстиуæг нæ уыд, уымæн æмæ гуырдзиаг министрыл чи баууæндыд, уыцы фыццаг къордты куынæггæнг æрдонгтæ кæнæ фехстой, кæнæ сæ тыхæй фæстæмæ асырдтой.
Тифлисмæ аздæхгæйæ министр газет «Слово»-йæн (1920 азы 3 август) йæ интервьюйы æхсызгонæй фехъусын кодта: «Дзауаг растадонтæ ныууагътой Гуырдзыстон æмæ ацыдысты Цæгат Ирыстонмæ. Сæ базайæццæгтæ талф-тулфæй дарддæр цæуынц эвакуаци. Ссæрибаргонд зæххытæ уæрст цæуынц Рацъ, Душет æмæ æгæрстæмæй Озургеты (Гуырдзыстон) уездтæй гуырдзиаг æрцæуæггæгтыл».
Гуырдзиаг куынæггæнджыты вандализм æмæ тугмондагдзинадыл фæдис кодтой æгæрстæмæй большевиктæ дæр. Гуырдзиаг большевик Филип Махарадзе фыста: «Жордания æмæ Рамишвилийы хицауады директивæмæ гæсгæ ссырдуæвæг гвардионтæ кодтой, истори цъус кæй зоны, ахæм æвирхъау митæ. Цæрджыты æхстой æнæравзаргæйæ, фæллой давтой, йæ бон кæмæн уыд, уыдон лыгъдысты уыцы æгъатырдзинадæй, удæгас чи баззад, уыдон та…хицауад сфæнд кодта Хуссар Ирыстонæй фæсурын.
Иумиагæй ирæттæ иууылдæр нымад æрцыдысты æнæзакъоныл. Нымад æрцыдысты гуырдзиаг адæмы знæгтыл æмæ æййафынц æппæт хуызы тыхми, нæмынц сæ, дæлдзиныг сæ кæнынц, суанг сæ сæ ардзæстытæй тыхæй фæсурыны онг. Ирон адæмы ныхмæ тох кæныны истори у Гуырдзиаг хицауады худинаггагдæр фæрстæй иу».
1920 азы геноциды амæттæгты нымæц бæлвырдæй бахынцын фæзын бирæ аххосæгтæм гæсгæ. Геноциды гуыррахстыл дзурæг сты сæрмагонд къамисы документалон æрмæджытæ, кæцы куыста уыцы нымæцы гуырдзиаг минæвæртты хайадистæй дæр. Æдæппæт гуырдзиаг куынæггæнæг æфсады къухæй фæмард 5 279 адæймаджы, уыдонæй сылгоймæгтæ – 1375, сывæллæттæ 1844. Ома, алы æртыккаг амæлæг уыд сывæллон! Иумиагæй сисгæйæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн куынæг æрцыд сæ 20%!
Сыгъд æрцыд 1588 цæрæн æмæ 2639 хæдзарадон агъуысты; куынæг æрцыдысты 23 мины 600 гектары байтыдтæ. Гуырдзиаг оккупацион хицауад атардтой 32 460 сæры ставдкъах фос æмæ 78 485 сæры та лыстæгкъах фос. Ирæтты цæрæнбынæтты æрцардысты сыхаг Гуырдзыстоны районтæй æрбацæуæг гуырдзиæгтæ. Астæуккаг нымадæй базианчындæуыд 3 милуан æмæ 317 мин сыгъзæрин сомы аргъ. Бирæ цæрæн пунктæ æндидзгæ дæр нал скодтой уый тыххæй, æмæ сæ чи цард, уыдон бынтондæр куынæг æрцыдысты. Æмæ сыгъдуат уæзгуытæм æрыздæхæг нал уыд.
1920 азы газет «Цæгат Кавказ» æрхаста ног зонæнтæ Хуссар Ирыстонæй чи фæхауæггаг, уыцы лигъдæтты нымæцы тыххæй: «… 50 000 адæймаджы, Цæгат Ирыстоны æмæ хайгай Кæсæджы чи æрынцад. Знагæй хæххон къахвæндæгтыл чи лыгъд, уыцы адæм - фыстой газетты, - нырма дæр мæлынц æххормаг æмæ æнæбалæууæндонæй. Уыди ахæм цаутæ, сылгомаг, йæ сывæллон æххормагæй куыд мæлы, уый уынгæйæ сывæллоны аппæрста сæрсæфæнæй, стæй йæхи дæр аппæрста йæ фæдыл. Адæмы хъизæмарæн нæ уыд æмæ нырма дæр нæй кæрон».
1921 азы большевиктæ кæй сфидар кодтой, уыцы кардиналон ивындзинæдтæм æнæкæсгæйæ, гуырдзиаг æхсæнад æгъатырæй размæ кодта, ахуыр кæуыл уыд, уыцы социалон-политикон уавæртæ. Гуырдзыстоны советон хицауады æрфидаримæ ирæтты геноцидæн стæрхон кæнын нæ, фæлæ нымад дæр не рцыд ног гуырдзиаг коммунистон хицауады рдыгæй æппæт йæ уæвынады рæстæджы дæргъы.
Дарддæр куыд рабæрæг, афтæмæй советон Гуырдзыстон разынд астæуккагæнусон феодалон идеологийы аккаг фæдон æмæ национал-социалистон «демократийы» парахатгæнæг.
Гуырдзыстоны советон хицауиуæгад куы рфидар, уæд Гуырдзыстоны коммунистон къухдариуæггæнджытæ ирæттæм ахасты иууылдæр разындысты раздæры, 1918-1921 азты хицауады знагиуæгон курс дарддæргæнджытæ. Уый дарддæр кодта ССРЦ ныппырхы онг æмæ дарддæр кодта Гуырдзыстоны посткоммунистон режимты дæр. Уыцы идеологи мах уынæм абон дæр.
Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй XX æнусы райдианы революцион катаклизмæтæ Уæрæсейаг импери ныппырх кæнгæйæ, ахъаз кодтой кардиналон æхсæнадон-полтикон ивындзинæдтæн, кæцытæ ссæрибар кодтой Уæрæсейы адæмты националон-паддзахадон арæзтадмæ фæндаг.
Фæлæ советон хицауиуæгады æрлæудæй Ирыстон дих æрцыд дыууæ хайыл – йæ цæгат хай бахауд УСФСР юрисдикцийы бынмæ, йæ хуссар хай та – ирæтты фæндон ницæмæ æрдаргæйæ автономон областы хуызы Гуырдзыстоны советон республикæйы скондмæ, æмæ уый фадат радта гуырдзиаг хицауиуæггæнджытæн ирæттæм ахасты геноциды политикæ адарддæр кæнынæн, кæцыйы фæстæдæр схуындæуыд «сабыр» кæнæ «культурон».
1944 азы гуырдзиæгтæн ногæй фадат фæцис ирæтты зæххытæ сæхи бакæнынæн – гуырдзиаг хæцæуттæ, Кремлы сын цы тыхджын гуырдзиаг сæрхъызой уыд, уый фæрцы рауæрæхдæр кодтой советон Гуырдзыстоны республикæйы арæнтæ – Цæгат Ирыстоны столицæ Дзæуджыхъæуы тæккæ къæсæры онг. Большевикты волюнтарон уынаффæмæ Сæйраг хохрагъы цæгатвахс Тырсыгомы ирон хъæутæ иууылдæр лæвæрд æрцыдысты советон Гуырдзыстоны скондмæ æмæ абон дæр сты оккупацийы.
Уымæй Гуырдзыстоны ССР скондмæ бахаудысты историон Ирыстоны централон кавказаг фыдæлтыккон территоритæ. Территори бацахсыны æмрæнхъ æххæст цыд бынæттон ирон цæрджыты культурон экспанси, йæ фæдыл та ассимиляци дæр. Уыцы политикæйы фæстиуæгæн махæн абон ис, чи сафтид, ахæм территоритæ, кæцытæ сæрибар сты ирондзинадæй, æмæ комкоммæдæр нысан кæны Аланыстоны историон хайы фесафын.
Афтæ 1937-1938 азты зындгонд цаутæ дæр æвыдæй нæ ныууагътой Хуссар Ирыстоны. 30 азты кæрон тугуарæн «планон» репресситы фæстиуæгæн куынæг æрцыдысты ирон адæмы хуыздæр минæвæрттæ. Советон хицауады знæгты ныхмæ тох кæныны æфсон бынтондæр скуынæг ирон интеллигенци, 1920 азы гуырдзиаг куынæггæнджыты ныхмæ чи æрлæууыд, растадонты сæргъ чи слæууыд, уыдоны фехстæуыд кæнæ лагертæм хаст æрцыдысты.
1938 азы Хуссар Ирыстонæн Цæгат Ирыстоны хъауджыдæр тыхæй ныббастой гуырдзиаг дамгъуаты бындурыл фыссынад. 1944 азы Хуссар Ирыстоны æхгæд æрцыдысты ирон скъолатæ, æмæ 1951 азы та хъуыддагарæзтад раконд æрцыд гуырдзиаг æвзагмæ. Афтæмæй фыццаг хатт гуырдзиаг хицæуттæн сæ бон бацис ахуырадон-культурон æмбарынадмæ гæсгæ иу адæмы адих кæнын. Уыцы политикæ дарддæр кодта суанг 1990 азы онг – цалынмæ Хуссар Ирыстон Гуырдзыстоны скондæй рахызт æмæ хæдбар паддзахад расидт, уæдмæ.
80-йæм азты кæрон ССР Цæдисы ныппырхы тæккæ къæсæрыл Гуырдзыстоны ССР ногæй райхъал фашизмы зæрдæйыуаг, æмæ гуырдзиаг æхсæнады та популярон кæнын райдыдтой ультрарадикалон политикæйы пропагандон уникалондзинад æмæ гуырдзиаг адæмы «хуыцауæй равзæргæдзинад». Æмæ лозунг «Гуырдзыстон гуырдзиæгтæн!» сис гуырдзиаг нацисттæ XX æнусы кæрон æмæ XXI æнусы райдиан сæ хицауадты зæронд национ идейæ æвдисæг. Æндæр нациты минæвæрттæ иууылдæр нымад æрцыдысты гуырдзиаг зæххы уазджытыл, æмæ уæлдай фашистон зондахастыл адæймæгтæ та сидтысты, гуырдзиаг чи нæу, уыцы бинонты сывæллæтты гуырынад тыхæй бакъуылымпы кæнынмæ.
1920 азы геноцидæй æвдай азы фæстæ истори фæлхатт æрцыд ногæй. ССРЦ ныппырхы фæстæ Хуссар Ирыстоны адæмы нæ бафæндыд се зноны лæгмартимæ иу паддзахады сконды цæрын æмæ аскъуыддзаг кодтой сæ фидæн Уæрæсеимæ иудзинады, Ирыстоны цæгат хайы æфсымæртимæ иумæ.
1989 æм азы гуырдзиаг неонацисттæ, куыд 1920 азы сæ фыдты фыдтæ, æрдомдтой сæ коммæ кæсын, афтæ куынæ уыдаид, уæд та ныфс æвæрдтой гуырдзиаг зæххæй «ирæтты, куыд брæттæ, афтæ амæрзын»- æй. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы плæнттæ æрмæст ирæттæм нæ хаудтой, фæлæ уыцы рæстæджы Гуырдзыстоны цæрæг уырыссæгтæ, абхазæгтæ, сомихæгтæ, грекæгтæ, азербайджанæгтæ, туркæгтæ-месхеттæгтæ æмæ æндæр чысыл нациты минæвæрттæм дæр.
1989 азы 23 ноябрь у Хуссар Ирыстоны ног историйы сæрмагонд бон, уыцы бон Тбилисы организацигонд æрцыд Цхинвалмæ бирæминон «тасæфтауæг марш», кæцыйы сорганизаци кодтой гуырдзиаг националон змæлды лидертæ.
1989-1992 азты Гуырдзыстон 1920 азæй фæстæмæ фыццаг хатт сæххæст кодта гæрзифтонг агресси æмæ бафæлвæрдта хæстон тыхы фæрцы Хуссар Ирыстоны басæттын. Амæттæгты иумæйаг нымæц уыд 2 000 фылдæр мæрдтæ, 3 500 фылдæр адæймаджы цæфтæ, 120 адæймаджы та фесæфтысты æбæрæгæй.
Сыгъдбаййафæг хъæуты нымæц – 117. Бакæнгæ материалон зианы аргъ ахызт 516 миллиард сомæй. Уый 2005 азы æргътæм гæсгæ у 17 миллиард USD. Цæгат Ирыстоны территори æмæ Уæрæсейы Федерацийы регистрацигонд æрцыд Хуссар Ирыстонæй 20 000 лигъдонæй фылдæр æмæ 100 000 æй фылдæр ирон-лигъдоны та, ноджы ма массон этникон сыгъдæгкæнынад кæм цыд æмæ ирæтты æгъатырæй кæм куынæг кодтой, уыцы Гуырдзыстоны мидрайонтæй.
2004 азы августы мæйы ног фюрер Саакашвилийы къухдариуæгадæй Гуырдзыстон райтынг кодта ног хæст, Хуссар Ирыстонмæ уæззау хæстон техникæ, ариллериимæ регулярон æфсæдтæ æрбакалгæйæ. Знаг нæ фæуæлахиз, фæлæ ныгуылæйнаг партнерты æххуысæй, НАТО-йы бæстæты хайадистæй Саакашвили цæттæ кæнын райдыдта реваншмæ.
Гуырдзиаг неофашизмы агрессивон архæйдтыты кульминаци ссис 2008 азы августы мæйы Хуссар Ирыстонмæ гуырдзиаг æфсады бабырст, «Сыгъдæг быдыр» номимæ æххæстмасштабон куынæггæнæг операци райтынг кæнгæйæ иунæг нысанимæ – ирон цæрджыты бынтондæр скуынæг кæнын, Хуссар Ирыстоны ирондзинадæй ссæрибар кæнын, ахсджиаг стратегион Рукъы тунел бацахсын. Йæ фæстиуæг алкæмæн дæр зындгонд у.
Сæрмагондæй банысан кæндзыстæм, 1918 азæй суанг абоны онг иунæг гуырдзиаг хицауад дæр йæхимæ бæрндзинад кæй нæ райста ирон адæмы ныхмæ 1920, 1989-1992 æмæ 2008 азты бакæнгæ фыдракæндты тыххæй, хуссайраг ирæттæн сæ фыдæлты территоритыл националон-паддзахадон хæдуагæвæрды бар кæй ис, уый куыднæ нымайынц, афтæ.
Уый нæ фæлæ 100 азы дæргъы фæдфæдылонæй алы гуырдзиаг хицауад дæр регулярон æгъдауæй мадзæлттæ райсы геноциды политикæ дарддæр кæнынæн фадæттæ аразыны тыххæй.
Æнæмæнгхъæуæгыл нымайæм уый банысан кæнын, фæстаг 100 азæй алкæцыйы дæр гуырдзиаг къухдариуæгад сæ хицауадты раив-баивты рæстæджы Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ирæттæм ахасты «культурон геноциды» политикæ æруромын нæ, фæлæ сæ нысæнттæ сæххæст кæныны тыххæй æртæ хатты кæй спайда кодтой хæстон тыхæй. Æфхæрд ма баййафын алы хатт дæр расайы ног фыдракæндтæ!
Уыцы ракæндтæ æххæстæй хауынц «Хæстон фыдракæндтæ æмæ адæймагады ныхмæ фыдракæндтæм ахасты аивгъуыйгæ рæстæг хынцынæй ма пайда кæныны тыххæй» 1968 азы 26 ноябры райстæрцæуæг ИНО Конвенцийы уацтæ æмæ уагæвæрдтæм.
Сæдæ азы размæ чи уыд, ирæтты уыцы геноцид æмæ йæ фæстæйы рецидивтæн гæнæн ис радтæм куыд адæймагады ныхмæ фыдракæндты квалификаци. Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблея йæ 1946 азы 11 декабры райсгæ 96 (1) резолюцийы расидт, геноцид кæй у æхсæндунеон барады нормæтæ халæг æмæ Иугонд Нациты Организацийы мидис æмæ нысæнтты ныхмæ чи у ахæм фыдракæнд, æнæхъæн цивилизацион дуне кæуыл хъуамæ тæрхон кæна, ахæм фæзынд.
ИНО-йы «Фыдракæнд ма æруадзын æмæ уый тыххæй бафхæрыны» тыххæй 1948 азы 9 декабры райсгæ Резолюцийы III уац сбæлвырд кодта бафхæрын кæй тыххæй хъæуы, ахæм ракæндтæ: геноцид; геноцид сæххæст кæныны нысанæн бадзурын; геноцид сæххæст кæнынæн комкоммæ æмæ публикон æгъдауæй ахъаз кæнын; геноциды хайад исын.
Уым ма дзырдæуы, геноцид кæнæ III уацы ранымадгонд æндæр ракæндтæ чи сараза, уыцы адæймæгты кæй хъæуы бафхæрын, уыдон конституцимæ гæсгæ бæрнджын хицæуттæ, бынаты кусджытæ сты æви хуымæтæджы адæймæгтæ, уымæ æнæ кæсгæйæ.
Æхсæнадæмон барады ацы æмæ æндæр уагæвæрдтыл къухдариуæг кæнгæйæ, 1990 азы 20 сентябры Хуссар Ирыстоны легитимон орган – Адæмон депутатты совет характеристикæ радта 1920 азы цаутæн куыд ирон адæмы геноцид, афтæ æмæ райста сæрмагонд уынаффæ, кæцыйы дзырдæуы:
1. 1918-1920 азты цаутæ нымад æрцæуæд куыд Хуссар Ирыстоны адæмы националон-сæрибаргæнæн тох, афтæ.
2. 1920 азы ирон адæмы ныхмæ «демократон» Гуырдзыстоны къухдариуæгады архайдтытæ нымад æрцæуæд геноцидыл.
Ирон адæмы историон мысынады 1920 азы геноциды амæттæгты ахсджиаг нысаниуæг хъусдардмæ исыны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæ къух æрфыста Барамындыл ирæтты геноциды амæттæгты Мысæн бон сфидар кæныны тыххæй, кæцы æрвылаз дæр нысан цæудзæн 20 июны. Уыцы бон бæстæйы алы ран дæр, афтæ ма фæсарæнты Хуссар Ирыстоны Минæварадты уагъд цæудзысты геноциды амæттæгты Мысæн боны фæдыл мысæн мадзæлттæ.
Гуырдзиаг неонацизм нæ акарста нæ дуджы дæр. 2008 азы уый сæрсæттæн цæф баййæфта Хуссар Ирыстоны адæмы сæрибармæ бæллын æмæ æмзæрдæдзинадыл, сæхи зæххыл, сæ фидæны хицæуттæ уæвынмæ сæ æнæбасæтгæ тырнындзинадыл сæмбæлгæйæ. Ирыстон фидар фæлæууыд æмæ фæуæлахиз уый бæрц хъизæмæртты сæрты ахизгæйæ, æнахуыр бирæ туг ныккалгæйæ æнæхъæн дунейæн бауырнын кодта йæ æнæбайсгæ бар сæрибар æмæ акаг фидæнмæ.
2008 азы августы Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы Федераци кæй банымадта, уый кæрон скодта Гуырдзыстоны рдыгæй тыхæй бырсынмæ тырнынад æмæ агрессивон рецидивæн, сфидар кодта историон рæстдзинад, кæцы бар дæтты Кавказы аланты паддзахад сæндидзын кæнынæн æмæ сарæзта, фæстæмæ раздахæн кæмæн нал ис, ахæм паддзахадон арæзтады процесстæ.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæ бæстæйы адæм æмæ Хицауады номæй бæрнджынæй сиды
- Баиугонд Нациты Организацимæ,
- Европæйы Æдасдзинад æмæ æмгуыстады фæдыл организацимæ,
- Европæйы Советмæ,
- Европæйаг Парламентмæ,
- дунейы паддзахадты Парламентаритæ æмæ Хицауадтæм,
- дунеон æмæхсæнадмæ
ахæм сидтимæ:
1. Стæрхон кæнæд æмæ æхсæндунеон-барадон бæрндзинадмæ æркæнæд Гуырдзыстоны абоны хицауады, куыд Хуссар Ирыстоны сабыр ирон цæрджыты ныхмæ 1918-1920 азты геноцид саразæг Гуырдзыстоны хицауады фæдон, афтæ;
2. Стæрхон кæнæд æмæ æхсæндунеон-барадон бæрндзинадмæ æркæнæд Гуырдзыстоны абоны хиуауады, куыд большевикон Гуырдзыстоны фæдон æмæ посткоммунистон рæстæджы Хуссар Ирыстоны сабыр ирон цæрджыты ныхмæ 1989-2008 азты бакæнгæ фыдракæндты æмхайадисæг, афтæ.
Ничи ферох ницы ферох!
Нæй адæймагады ныхмæ фыдракæндтæн рæстæгмæ гæсгæ аргъ кæнæн!