Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари Гуырдзыстоны президент С. Зурабишвилийы хъусынгæнинаджы фæдыл

МИД Южной Осетии

Нæ хъус æрдардтам Гуырдзыстоны президент С. Зурабишвилийы ныхæстæм, кæцы йæ интервьюйы «Bloomberg»-æн загъта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Республикæйы территоритæм домæнтимæ баст Гуырдзыстоны проблемæтæ хъуамæ лыг æрцæуой Уæрæсе æмæ Украинæйы ʻхсæн фидæны сабырадон бадзырдимæ бастæй. Афтæмæй, Зурабишвили развæлгъау нымайы, зæгъгæ, фидæны сабырадон бадзырдты Уæрæсе æнæмæнгæй уыдзæн æвдыст фембылдуæвæг фарсæй.

Гуырдзыстоны хицауад Уæрæсейы ныхмæ санкцитæм кæй не ʻрбаиу æмæ æнæнтыст кæй сты иуæй-иу «Гуырдзыстоны хæлæртты» фæлварæнтæ Уæрæсейы ныхмæ йæ хæстон ныхмæлæуды бафтауын, уый хынцгæйæ, ацы хъусынгæнинæгтæ ахæм бæрзонд бынат ахсæг адæймагæй сты арф мидгуырдзыстойнаг кризисыл дзурæг.

Хуссар Ирыстоны æргомзæрдæйæ ныфс ис, Гуырдзыстоны ныры политикон æмæ хæстон къухдариуæгад кæй нæ бауаддзæн æвирхъау фæстиуджытæм чи æркæна, уыцы хъаргæ сценариты сæххæст. Уый тыххæй та хъæуы сразы уын регионы ныры геополитикон реалитыл æмæ, Зурабишвилийы уынаффæмæ гæсгæ, дæхицæн фидарæй бамбарын кæнын, дæ бæстæйы арæнтæ кæуылтыл цæуынц, уый.

Цхинвал, 2023 азы æртхъирæны мæйы 2 бон

02.02.2023