Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрийы фыстуац Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадыл 30 азы сӕххӕсты боны цытӕн

МИД Южной Осетии
Форменная одежда Посла МИД РЮО
Форменная одежда Посланника МИД РЮО
Вышивка на Форменной одежде МИД РЮО
Вышивка на Форменной одежде МИД РЮО
Знамя МИД РЮО
Эмблема МИД РЮО

«Уӕлахиз – ӕнӕрӕдыд!» – «Æппӕтӕй уӕлдӕр – уӕлахиз!»

Ацы аз юбилейон аз у Республикӕ Хуссар Ирыстонӕн ӕмӕ уый хауы Хицауадмӕ ӕмӕ иуӕй-иу министрадтӕ ӕмӕ ведомствотӕм. Уыцы нымӕцы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад, кӕцы 28 майы нысан кӕндзӕн йӕ сырӕзтыл 30 азы сӕххӕсты бон.  Ныффидаргонд традицимӕ гӕсгӕ уыцы бон нысан цӕуы, куыд Ирон дипломатийы бон, афтӕ. Ацы аз юбилейон аз у Республикӕ Хуссар Ирыстонӕн ӕмӕ уый хауы Хицауадмӕ ӕмӕ иуӕй-иу министрадтӕ ӕмӕ ведомствотӕм. Уыцы нымӕцы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад, кӕцы 28 майы нысан кӕндзӕн йӕ сырӕзтыл 30 азы сӕххӕсты бон.  Ныффидаргонд традицимӕ гӕсгӕ уыцы бон нысан цӕуы, куыд Ирон дипломатийы бон, афтӕ.

30 азы цыбыр рӕстӕг нӕу, уӕлдайдӕр та ахӕм дугивӕн гуылфӕнты. Абон нӕ бон фӕндфидарӕй зӕгъын у, Республикӕ Хуссар Ирыстон кӕй сырӕзт, куыд хӕдбар паддзахад, афтӕ, ИНО-йы уӕнг-паддзахадтӕ йӕ банымайгӕйӕ. Уыдоны рӕнхъы сӕрмагонд бынат ахсы Уӕрӕсейы Федераци – Хуссар Ирыстоны сӕйраг ӕмцӕдисон ӕмӕ стратегион партнер, кӕцыимӕ ахастытӕ рӕзынц ӕмбӕлон уагыл динамиконӕй ӕмӕ позитивон ӕууӕлтимӕ. Æнӕдызӕрдыгӕй, уый у ӕппӕт хуссарирыстойнаг ӕхсӕнады, уыцы историон ӕмгъуыды нӕ бӕстӕйы сӕргъ чи лӕууыд, уыцы политиктӕ ӕмӕ паддзахадон архайджыты  ӕппӕт фӕлтӕрты иумӕйаг ахаст ӕмӕ къахдзӕфты фӕстиуӕг.

Æддагон политикон ведомствойы сырӕзт баст уыд Хуссар Ирыстоны ныхмӕ гуырдзиаг хӕстон агрессийы тӕккӕ тӕмӕны хицауиуӕгады иумӕйаг цӕг сфидар кӕныны ӕнӕмӕнгхъӕуындзинадимӕ, Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады Акт райсын ӕмӕ куыд йӕ фӕстиуӕг, афтӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны фыццаг хицауад сфидар кӕнын.

Хӕстон архайдтыты активондзинады фоныл, блокадӕ ӕмӕ Цхинвалы ракетӕтӕй ӕхсыны уавӕрты 1992 азы 28-29 майы Советты Хӕдзары бункеры уагъд ӕрцыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр Советы ӕнӕрадон сесси, цы ран ист ӕрцыд уынаффӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Министрты совет саразыны тыххӕй. Уӕд ӕрцыдысты арӕзт республикӕйы фыццаг министрадтӕ ӕмӕ ведомствотӕ, кӕцыты нымӕцы уыд «Æддагон бастдзинӕдты министрад» – абоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады бындурӕвӕрӕг.

Дипломатон ведомство уыд ӕнӕмӕнгхъӕуӕг атрибут ӕрыгон хӕдбар паддзахадӕн, ӕмӕ уый, практикон ӕгъдауӕй сырӕзт «афтид бынаты», ӕнӕ куысты фӕлтӕрддзинад ӕмӕ квалификациджын профессионалон кадртӕй. Ахуыр кӕнын ӕмӕ фӕлтӕрддзинад райсыны сӕр бахъуыд кусгӕ-кусын.

Мидхъуыддӕгты министрад йӕ сырӕзтӕй абоны онг фӕдфӕдылонӕй ӕххӕст кӕны ӕвзонг хуссарирыстойнаг паддзахады ӕддагполитикӕйон позицитӕ фидардӕр кӕныны курс. Йӕ куысты фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ дипломатон службӕйы бахъуыд йӕ хӕдбардзинады сӕрыл хуссарирыстойнаг адӕмы бартӕ банымыйыны фӕдыл тохы активонӕй бацӕуын, ӕмӕ Хуссар Ирыстоны реалон уавӕры тыххӕй дунеон ӕмӕхсӕнадмӕ рӕстдзинад фӕхӕццӕ кӕнын.

Юбилей алыхатт дӕр нысан кӕны зындгонд цаутӕй историйы бӕлвырдӕрцӕуӕг арӕн, кӕцымӕ баввахс уӕвгӕйӕ хъӕуы саргъ кӕнын хи архайдӕн, дарддӕры куысты перспективӕтӕ ӕмӕ плӕнттӕ сбӕлвырд кӕнын. Йӕ уӕвынады рӕстӕджы хуссарирыстойнаг ӕддагполитикон службӕ аккаг хайбавӕрд бахаста, куыд нымад ӕмӕ демократон барадон паддзахад, афтӕ  Республикӕйы рӕзт ӕмӕ фидардӕр кӕнынмӕ.

Рӕзты вазыгджын фӕндагыл рацӕугӕйӕ, хуссарирыстойнаг дипломати барджынӕй ссис Хуссар Ирыстоны паддзахиуӕгады ахсджиагдӕр къабӕзтӕй сӕ иу. Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад аивгъуыйгӕ азты кӕй сфидар кодта, уыцы хуыздӕр традицитӕ дарддӕр кӕнгӕйӕ хуссарирыстойнаг дипломаттӕ ӕххӕст кӕнынц Хуссар Ирыстоны ӕддагон политикон курс реализаци кӕныны фӕдыл разылӕууӕг хӕстӕ. Дуджы размӕцыдимӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны дипломатон службӕ иудадзыг архайы йӕ нысаниуӕг фӕбӕрзонддӕр кӕныныл, йӕхи ифтонг кӕны раззагон практикӕ ӕмӕ уынаффӕтӕй.

Дипломатон службӕйы дарддӕры фидаркӕнынадмӕ тырнгӕйӕ, дунейы мидӕг дипломатон минӕварадты географи уӕрӕхдӕр кӕнгӕйӕ, афтӕ  ма ӕхсӕндунеон аре-нӕмӕ хуссарирыстойнаг паддзахады ахызт, куыд ӕмбар политикон ӕмӕ дипломатон партнер, афтӕ, раргом кодтой ӕддагон архайды публикон формӕтӕ, кӕцытӕ фидар ӕрцыдысты ӕхсӕндунеон практикӕйы иумийагӕй сфидаргонд фӕткойтӕ ӕмӕ нормӕтӕй, уыцы нымӕцы хуссарирыстойнаг дипломаттӕн Министрады формӕйон фӕлыст снысан кӕнын дӕр.

Йӕ рӕстӕджы францаг император Наполеон Бонапарт дипломатийы схуыдта «политикӕ – зынаргъ дарӕсы», дипломаты профессийы ӕддагон, публикон фарсы кой кӕнгӕйӕ. Æцӕгӕйдӕр, дипломатон архайды ӕддагон хуызы характер, ӕндӕр паддзахадон службӕты хъауджыдӕр домы бирӕнымӕц уавӕртӕ хъахъхъӕнын, уыцы нымӕцы суагъӕйон-церемониалон характеримӕ бастуӕвӕг функцитӕ дӕр.

Алы паддзахады дӕр символикӕ ахсы сӕрмагонд бынат, куыд йӕ идеологи ӕмӕ политикӕ ӕвдисӕг формӕ, афтӕ, бындуриуӕг кӕны националон ӕмӕ историон традицитыл. Националон суагъӕ ӕмӕ этикеты модел бакусын, ӕхсӕндунеон ӕмӕхсӕнады сӕхи индентификаци ӕмӕ ӕргомдзинад сты паддзахадӕн фӕсарӕнты йӕ цӕсгом сфидардӕр кӕныны сӕйраг фӕрӕзтӕ, дипломатон службӕйы рагон традицитӕ, ӕхсӕнадӕмон суагъӕ, этикетӕн аргъкӕнынад.

Йӕ сырӕзты 30 азмӕ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадӕн фадат фӕцис дипломатон формӕ бакусынӕн, кӕцыйы ӕнӕмӕнгхъӕуындзинад домдтой рӕстӕг ӕмӕ идеологон ӕмбарынадтӕ.

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты А.И. 2021 азы 19 ноябры № 342 указмӕ гӕсгӕ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады сырӕзтӕй фӕстӕмӕ фыццаг хатт бакуыст ӕмӕ фидаргонд ӕрцыдысты архайӕг ирон дипломатты формӕйон дарӕс ӕмӕ хицӕндзинады нысӕнттӕ, кӕцытӕн ис Уӕлвӕткон ӕмӕ Æххӕстбарджын ӕмӕ Уӕлвӕткон ӕмӕ Æххӕстбарджын Минӕвары 1 ӕмӕ 2 классты къӕпхӕнтӕ.

Фӕлӕ указ реализаци кӕнынӕн хъуыдис Министрады символикӕ бакусын ӕмӕ сфидар кӕнын – символӕн йӕхи сбӕлвырд кӕнын, афтӕ ма ӕддагонполитикон ведомствойы эмблемӕ ӕмӕ тырыса, ӕмӕ уый ӕмрӕстӕджы формӕйон уӕлӕдарӕсы фарстыл дӕр кусын. Уыцы куыст ӕххӕст цыдис, куыд Хуссар, афтӕ Цӕгат Ирыстоны ахуыргӕндтӕ ӕмӕ экспертты хайадистӕй дӕр.

Министрады символ бындуронӕй сбӕлвырд кӕнын, уый фӕстӕ та йын йӕ геральдикон фӕлындзынадыл куыстой Ирыстоны зындгонд ахуыргӕндтӕ, куыд историон зонӕдты доктор, Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фыццаг Президент, профессор Цыбырты Л.А., ӕрӕджы йӕ уӕлион цардӕй ацӕуӕг, историон зонӕдты кандидат, зындгонд ахуыргонд-аланзонӕг, профессор Гаглойты Ю.С., УЗА-йы Дзӕуджыхъӕуы зонадон центры Скифаг алайнаг иртасӕнты центры сӕргълӕууӕг, филологон зонӕдты кандидат Сӕлбиты Т.К., Уанеты З.Н. номыл ХИЗИИ-йы директор, историон зонӕдты кандидат Гаглойты Р.Х., Тыбылты А.А. номыл ХИПУ-йы ректор, техникон зонӕдты кандидат Тедеты В.Б. ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Национ музейы директор Зассеты М.М., кӕцытӕ зӕрдиагӕй сразы сты ацы фарстӕн анализ скӕныныл ӕмӕ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадмӕ ӕрбарвыстой Министрады символикӕйы фӕдыл сӕ зонадон-экспертон хатдзӕгтӕ.

Эскизтӕн нывӕфтыдон-геральдикон фӕлындзынад скодта Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сгуыхт нывгӕнӕг Уӕрӕсейы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Нывгӕнджыты цӕдисты уӕнг Пухаты Вадим.

Бакӕнгӕ куысты фӕстиуӕгӕн, дыууӕ Ирыстоны зонадон ӕмӕхсӕнады авторитетон хъуыдыйыл ӕнцой кӕнгӕйӕ, Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады официалон символӕн хуыздӕрыл нымад ӕрцыд Централон Кавказы фӕйнӕфарс арӕх чи у, уыцы уисгӕрдӕг, сӕйраджы та, хъайтарон Нарты эпос ӕмӕ Аланыстоны рагзамантӕй фӕстӕмӕ националон эпосы бындурон хъайтартӕй сӕ иуы номӕй куыд зындгонд у, афтӕ – «Хӕмыцы рихи».

Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕм националон идеологийы фӕдыл зындгонд ахуыргонд-эксперты, УЗА-йы Дзӕуджыхъӕуы зонадон центры Скифаг алайнаг иртасӕнты центры сӕргъ-лӕууӕг, филологон зонӕдты кандидат Сӕлбиты Т.К. хъуыды, кӕцы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадмӕ йӕ фыстӕджы фыссы:

«Судя по осетинскому названию ковыля (Stipapennata’) – Хæмыцы рихи/ Хæмеци рехе‘ – Ус Хамыца, оно было достаточно давно освоено традицией, поскольку по своей семантике уже несет в себе очевидную связь не только с историей, но и содержит привязку к эпико-героическим циклам.

Примечательно, что в эпосе усы Хамыца имеют постоянный эпитет – булатные (болат). Именно этими усами он расправляется с теми гадами на дне чаши Уацамонга, которую он получает от нартов в качестве награды за благородство своего сына и испивает ее в их присутствии до самого дна. Это сочетание взаимоисключающих качеств – природной мягкости и эпической твердости –  наделяет растение, с которым они отождествляются, чудесными свойствами, выделяющими его из общего ряда.

Ковыль предстает в роли оружия, основанного на мягкой силе, а вместе с чашей позволяет видеть связь с почетом и мудростью. Вместе с тем, в осетинской обрядовой традиции было принято вырывать волос из усов, как знак верности данному слову, залог безотлагательного исполнения взятого на себя обещания.

Цвет усов мог быть как серебристым, если они принадлежали уже убеленному сединой старцу, так и золотыми (ржаного цвета) у светловолосых блондинов, которых, согласно римскому историку Аммиану Марцеллину (IV в. н.э.), в аланской среде было достаточно много. Знаменательно, что в изобразительной традиции, вслед за М.С. Тугановым, нарта Хамыца принято изображать огненно-рыжим.

Обычно, этап военной демократии, во время которого эпическая традиция получает свое наибольшее развитие и расцвет, является подготовительным или переходным к раннеклассовому государству.

Не случайно, именно эпические нарты трактуются традиционной культурой как первопредки из эпохи начальных времен, когда появились сами люди, когда закладывались основы привычного людям мироустройства, правила человеческого общежития. К этим-то временам и отсылает его название, несущее важную идеологическую нагрузку. Вместе с тем, будучи неприхотливым и стойким степным растением, ковыль также служит символом готовности дипломатов без устали преодолевать пространство и не пасовать перед трудностями на долгом пути к своей благородной цели.

Тем самым, использование этого растения в качестве эмблемы дипломатической службы символизирует готовность работников ведомства стоять в одном ряду со своими славными предками из эпической эпохи на страже интересов своей Родины, демонстрирует их договороспособность и приверженность к неукоснительному исполнению принятых обязательств».

Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадмӕ ӕрвыстӕрцӕуӕг фыстӕджы профессор Цыбырты Людвиг рахӕцыд йӕ коллегӕты хъуыдыйы фарс: «Познакомившись с обоснованием выбора эмблемы на основе травы ковыль (Хæмыцы рихи – ус Хамыца) считаю, что оно научно аргументировано с учетом национальных и исторических традиций нашего народа. Приветствую действия Президента Республики Южная Осетия А.И. Бибилова по дальнейшему укреплению государственности республики, к которым отношу и разработку символики для Министерства иностранных дел, тем более приуроченной к 30-летию создания ведомства».

Фыццаг Президент бӕрзонд аргъ скодта формӕйон фӕлысты нывӕфтыдон-герал-дьдикон фӕлысты экскизтӕн дӕр.

Афтӕ ма хъӕуы банысан кӕнын уый дӕр, юбилейон бонмӕ фидаргонд кӕй ӕрцыдысты ӕддагонполитикон ведомствойы ӕндӕр ахсджиаг символтӕ дӕр: эмблемӕ ӕмӕ Министрады тырыса. Кӕмӕй спайдачындӕуыд, уыцы геральдикон элементтӕ – уисгӕрдӕджы хуыз (Хӕмыцы рихи), ирон ахуыргӕндтӕ-эксперттӕ куыд фенын кодтой, афтӕмӕй ӕххӕст-бӕрцӕй у Ирыстон-Аланийы национ идеологимӕ гӕсгӕ ӕмӕ йӕ уидӕгтӕ цӕуынц рагзамантӕм.

Спайдагонд хуызджын символикӕ дӕр у национ идеологимӕ гӕсгӕ ӕмӕ йын ис йӕхи историон нысаниуӕг. Министрады символикӕйыл кусгӕйӕ ма националон тырысайы хуызты уӕлдай, куыд Министрады тырыса ӕмӕ дипломатон уӕлӕдарӕсы иуӕй-иу нысӕнттыл, афтӕ ӕндӕр суагъӕйон-лӕварон дзаумӕттыл дӕр пайдагонд ӕрцыд бирюзайы хуызӕй. Уымӕйдӕр хъусдард здӕхт ӕрцыд уымӕ, ацы минералы равзӕрды бынат рагӕй фӕстӕмӕ дӕр нымад кӕй цӕуы нырыккон Ираны территорийыл, ӕмӕ термин «бирюза» та кӕй ӕвзӕры персаг дзырд «фирузе»-йӕ ӕмӕ кӕй нысан кӕны «уӕлахизгӕнӕг» ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ пайдагонд ӕрцыд, куыд Министрады лозунг, афтӕ дӕр : «Уӕлахиз – ӕнӕрӕдыд!» – «Æппӕтӕй уӕлдӕр – уӕлахиз!».

Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад стыр бузныг зӕгъы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анато-лийӕн йӕ аудгӕ ахаст ӕмӕ ӕддагонпо-литикон ведосмтвойы хъӕппӕрисы фарс балӕууын ӕмӕ ахсджиаг ӕххуысы тыххӕй.

Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад бузныг зӕгъы: Цыбырты Л.А., Гаглойты Р.Х, Гаглойты Ю.С., Сӕлбиты Т.К., Тедеты В.Б. ӕмӕ Зассеты М.М. йӕн, нӕ фарсмӕ кӕй балӕууыдысты ӕмӕ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады символикӕйыл бакусынмӕ сӕ уӕзгӕ хайадисты тыххӕй.

Министрад бузныджы ӕнкъарӕнтимӕ нысан кӕны Сӕлбиты Тамерланы роль куыд Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады символы хуызы уисгӕрдӕгӕй спайда кӕныны идейӕйы автор, афтӕ, ӕмӕ ӕнӕдызӕрдыгӕй, Пухаты Вадимӕн дӕр символикӕ ӕмӕ формӕйон уӕлӕдарӕсы элементты эскизтӕ бӕрзонд ӕмвӕзадыл бакусын ӕмӕ стилизацийы тыххӕй.

Кӕронбӕттӕны сӕрмагондӕй хъӕуы банысан кӕнын, формӕйон уӕлӕдарӕс хуыд кӕй ӕрцыдысты Уырыссаг Чырыстон Аргъуаны Фӕлындзынадон-рауагъдон куыстуат «СОФРИНО» йы, УЧА йы уӕлдӕр иерархийы ӕххуысы фӕрцы.

Ныры вазыгджын уавӕры, ӕхсӕндунеон ӕдасдзинад серьезон фыдӕвзарӕнты куы ис, уыцы рӕстӕджы дипломатты раз лӕууы ахсджиаг хӕстӕ. Райсгӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ традицитыл ӕнцой кӕнгӕйӕ дипломатон службӕ фидардӕр кӕны йӕ архайд дунеон аренӕйыл нӕ бӕстӕйы интерестӕ размӕ кӕнын ӕмӕ хъахъхъӕныны фӕдыл. Йӕ хайбавӕрд хӕссы бӕстӕйы ӕддагон ӕдасдзинад сифтонг кӕнынмӕ, Паддзахад Аланийы динамикон рӕзт ӕмӕ йе ‘мбӕстӕгты фӕрныгады уавӕртӕ аразынмӕ.

Нырыккон дунейы вазыгджындзинад ӕмӕ ныхмӕвӕрддзинад дипломаттӕй фылдӕр домынц. Уымӕ гӕсгӕ абон хъӕуы рӕстӕгимӕ ӕмдзу кӕнын, хиуыл кусын, ног ахастытӕ технологитӕм гӕсгӕ классикон методтӕ ӕмӕ дипломатон аивады ӕууӕлтӕ иу кӕнынмӕ арӕхстдзинад. Уый мидӕг ис нӕ хайбавӕрд, ацы вазыгджын рӕстӕджы ирон дипломатты разылӕууӕг ӕддагон-политикон хӕстӕ эффективонӕй скъуыддзаг кӕныны хъуыддаджы.

Медойты Дмитри, Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр

 

https://new.xurzarin.ru/uӕlaxiz-ӕnӕrӕdyd-aeppӕtӕj-uӕldӕr-uӕlaxiz/

10.05.2022