Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-релиз

2020 азы 5 марты Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йӕ къух ӕрфыста Барамындыл, гуырдзиаг куынӕггӕнджытӕ 13 ирон коммунары куы фехстой, уыцы бон – 20 июны ирӕтты геноциды амӕттӕгты Мысӕн бон сфидар кӕныны тыххӕй.

Геноциды амӕттӕгты ном мысыны тыххӕй Республикӕ Хуссар Ирыстоны, афтӕ ма хуссарирыстойнаг фӕсарӕйнаг уагдӕтты дӕр уагъд ӕрцӕудзысты фыдохы мадзӕлттӕ, ӕруаддзысты паддзахадон тырысатӕ, аргъуанты цӕгъддзысты дзӕнгӕрджытӕ ӕнаххосӕй фӕмардуӕджыты ном арынӕн, иумиагӕй иу уысм ӕмырӕй алӕугӕйӕ.

Сӕдӕ азы размӕйы трагикон цаутӕ, байгасгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хъӕдгӕмттӕй баззайдзысты ирон адӕмы зӕрдӕты. Ахӕм фыдракӕндтӕн нӕй, цас рӕстӕг рацыд, уымӕ гӕсгӕ аргъ кӕнӕн. Дунеон ӕмӕхсӕнады ‘рдыгӕй, фыццаграды Гуырдзыстонӕн йӕхицӕй, ирӕтты геноцидӕн стӕрхон кӕнын ӕмӕ банымайын къухы бафтын кӕнын у фыццаградон ахсджиагдзинадимӕ иумиагнацион хӕс, дӕдты геноциды рецидив мауал сфӕлхатт кӕныны гаранти.

Ирӕтты геноцидыл 100 азы сӕххӕсты фӕдыл Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад Сидт арвыста фӕсарӕйнаг паддзахадты Хицауадтӕ ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон организацитӕм, цӕмӕй банымайой ӕмӕ стӕрхон кӕной ирӕтты геноцидӕн, куыд адӕймагады ныхмӕ ӕгъатыр фыдракӕнд, афтӕ. Хуссар Ирыстон сиды дунеон ӕмӕхсӕнадмӕ, цӕмӕй райсой карздӕр барӕнтӕ паддзахадты бӕрндзинад фӕтыхджындӕр кӕнынмӕ адӕмты геноцидӕй бахизыны, фыдракӕндты ныхмӕ тох кӕнын ӕмӕ сӕ мауал ӕруадзыны фӕдыл. Ирӕтты геноцид у историон рӕстдзинады фарст ӕмӕ домы политикон ӕгьдауӕй йын саргь кӕнын.

Цхинвал, 2020 азы 11 июнь

11.06.2020