Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсары арфӕйы фыстӕг Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Лавровмӕ Дипломатон кусӕджы боны цытӕн

Ахсар Джиоев и Сергей Лавров

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар арфӕйы фыстӕг арвыста Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Лавровмӕ профессионалон бӕрӕгбон- Дипломатон кусӕджы боны цытӕн.

Сӕрмагондӕй, фыстӕджы дзырдӕуы:

Ныры дуджы зындзинӕдтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, уӕрӕсейаг дипломаттӕ фидарӕй хъахъхъӕнынц бӕстӕйы национ интерестӕ, бӕрнонӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ профессионалон хӕс.

Цытджын Сергей Викторы фырт, дӕ хайбавӕрд Уӕрӕсе ӕмӕ йе ‘мбӕстӕгты интерестӕ хъахъхъӕныны ӕмӕ размӕдзыды хъуыддаджы ӕгӕрон у. Дӕ дипломатон арӕхстдзинад у профессионализмы дӕнцӕг бирӕ бӕстӕты ӕмӕ фӕлтӕрты дипломаттӕн.

Хуссар Ирыстоны дӕ ном ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕйӕ баст у нӕ бӕстӕйы ӕхсӕнадӕмон позицитӕ фидар кӕнынимӕ, ӕхсӕнпаддзахадон ӕмгуыстад ӕмӕ стратегион партнерады размӕдзыдимӕ, нӕ бӕстӕты ‘хсӕн интергаци арф кӕнынимӕ.

Мӕ зӕрдӕ дын зӕгъы фидар ӕнӕниздзинад, фӕрныгад ӕмӕ Уӕрӕсейы хӕрзиуӕгӕн ӕнӕнымӕц дипломатон уӕлахизы.  

10.02.2023