Турчы цæрæг ирон адæмы Æхсæнад «Алан»-ы хъусынгæнинаг Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боныл 13 аз сæххæсты цытæн

1990 азы 20 сентябры Хуссар Ирыстоны Парламент фыццаг хатт райста Деклараци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй.

2008 азы 26 августы Уæрæсæйы Федераци банымадта Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæдбардзинад.

Уыцы историон уынафæйы ирон æмæ абхазаг адæм никуы ферох кæндзысты. Мах Турчы цæрæг Ирон адæм зæрдиаг арфæ кæнæм хæдбардзинад банымайыны боныл 13 азы сæххæсты фæдыл. Уæлахиз æмæ хæдбар уæд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ  Абхаз.

Арфæ кæнæм, æнусты дæргъы фæйлауæд хæдбар Ирыстон æмæ хæдбар Абхазы тырысатæ. Мах Турчы цæрæг Ирон адæмæн нæ цæст уарзы Хуссар Ирыстоны фарн, сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад. Хуыцау зæгъæд, æмæ ацы фарн, ацы хурыскаст ма аныгулæд æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад фидарæй фидардæр кæнæд.

Мысæм абон, хæдбардзинады тыххæй тох кæнгæйæ йæ цардæй чи ахицæн, Хуссар Ирыстоны уыцы хъайтар хъæбулты. Сæ хæрзтæ æмæ сæ нæмттæ никуы ферох уыдзысты.

Уæлахиз уæд хæдбæр Паддзахад Алани!

 

Хъусаты Садреттин, Турчы цæрæг ирон адæмы Æхсæнад «Алан»-ы Сæрдар

26.08.2021