Джеоргуыбайы мæйы 26-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы Æвзонг дипломатты советы æмæ Республикæ Абхазы ФХъМ-йы Æвзонг дипломатты советы минæвæртты ‘хсæн дывæрсон консультацитæ.
Консультациты рæстæджы дыууæ фарс дæр æрдзырдтой Æвзонг дипломатты советы фæлгæтты æмгуыстады дарддæры фæндæгтыл, равдыстой сæ цæттæдзинад организациты æмархайды дарддæры райрæзтмæ.