2024 азы джеоргуыбайы мæйы 5-6 бонты Женевæйы ИНО-йы Нациты галуаны ацыд Фæскавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы 62-æм раунд. Дискусситæ цæуынц Медведев æмæ Саркозийы 2008 азы майрæмты мæйы 12-æм æмæ рухæны мæйы 8-æм бонты бадзырдадтæм гæсгæ. Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, Америкæйы Иугонд Штатты делегацитæ, афтæмæй ма Европæйы Цæдисы, Иугонд Нациты Организацийы, Европæйы Æдасдзинад æмæ æмгуыстады фæдыл организацийы минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыд Президенты Паддзахадон Уынаффæгæнæг Коцты Константин.
Фыццаг кусæгон къорды уæлдай хъусдард аздæхтæуыд регионалон æдасдзинады уæвæг фарстытæм, афтæмæй ма Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæнмæ хæстæг территоритыл стабилондзинадмæ. Арæнгæрон фыдракæндты нымæц фæкъаддæр кæнын æмæ стабилондзинад сфидар кæныны фæдыл хуссарирыстойнаг делегаци ногæй æрсидт гуырдзиаг фарсмæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны 'хсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл иумæйаг куыстмæ.
Тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документыл куыст сног кæныны проблемæйыл æрдзурыны фадат нæ уыд кæцыдæр хайадисджыты деструктивон позицийы тыххæй, фæлæ хуссарирыстойнаг хайадисджытæ æрсидтысты Фæскавказы æдасдзинады фæдыл ныхас дарддæр кæнынмæ, кæцы у ахсджиаг здæхт Æхсæнадæмон дискусситы. Хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæны стабилондзинад бахъахъхъæныны хъуыддаджы нысангонд æрцыд Инциденттæ аиуварс кæнын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны фæдыл иумæйаг механизмы куысты æмæ уæвæг «тæвд хахх»-ы ахсджиагдзинад.
Радон хатт хуссарирыстойнаг минæвæрттæ хъус æрдардтой Хуссар Ирыстоны цæрджыты ‘рдæм кæцыдæр бæстæты визæты политикæйы дискриминацион здæхтмæ æмæ æмсæрдæртты рæгъмæ рахастой уынаффæ, цæмæй æрсидтæуа бæрæг бæлвырд паддзахадты хицауадтæм, æмæ æмбæстæгтæн визæтæ райсыны фадат уа, цæмæй уыцы проблемæ политизацигонд мауал цæуа.
Алыхуызон проблемæтæ хынцгæйæ, Уæрæсе, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы делегацитæ ногæй æрсидтысты Фæскавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинады фæдыл Женевæйы æхсæнадæмон дискусситæ æндæр, хайадисджытæй алкæмæндæр оптималон бынатмæ ахæссынмæ, фæлæ ацы проблемæйы фæдыл иу хъуыдымæ не 'рцыдысты.
Дыккаг кусæгон къорды рабадты æрдзырдæуыд гуманитарон фарстатыл, кæцытæ баст сты æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон агурын, ахуырад, экологион æдасдзинад, культурон бынтæ бахъахъхъæнынимæ.
Хуссарирыстойнаг делегаци хъус æрдардта æбæрæгæй фесæфтуæвджыты хъысмæт сбæрæг кæныны тыххæй куыст сног кæнынмæ æмæ æрсидт гуырдзиаг фарсмæ, цæмæй ацы проблемæйы фæдыл куысты цыд ма лæууын кæна æмæ йе скъуыддзаг кæнынæн къахдзæфтæ араза.
Гуырдзыстон кæй халы ирæтты – Хъазыбеджы районы (Тырсыгом) цæрджыты бартæ, кæдонæн цалдæр азы дæргъы сæ бон нæу сæ райгуырæн уæзæгмæ бахауын, уый тыххæй та ногæй æрцыд загъд.
Лигъдæтты проблемæйы фæдыл ацы раунды дискусси нæ ацыд. Лигъдæтты темæйыл ныхас сног кæныны фадат уыдзæн æрмæстдæр уæд, кæд æмæ Гуырдзыстон æрлæууын кæна ацы проблемæйы аразгæ политизаци.
Ацæугæ фембæлды хайадисджытæ банысан кодтой Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы ахъаздзинад. Дискусситы радон фембæлд нысангонд æрцыд 2025 азы тæргæйтты мæймæ.
Женевæ, 2024 азы джеоргуыбайы мæйы 7-æм бон