Джеоргуыбайы мæйы 26-æм боны Республикæ Абхазы нысан кæнынц Конституцийы бон.
30 азы размæ, 1994 азы джеоргуыбайы мæйы 26-æм бон Абхазы Уæлдæр Совет райста Республикæйы Сæйраг Закъон.
Ацы ахсджиаг боны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Шамбамæ.
Цхинвал, 2024 азы джеоргуыбайы мæйы 26-æм бон