Джеоргуыбайы мæйы 8-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр Уæрæсейы Федерацийы уæвæг Республикæ Никарагуайы Минæварады хуындæй хайад райстой Сандинистон Адæмон Революцийы Раздзог Команданте Карлос Фонсека Амадоры номыл дидинтæ сæвæрыны церемонийы.
Никарагуайы хъайтары трагикон амæлæты бонæй 48 азы рацыды охыл мадзал ацыд Мæскуыйы Хæларады Парчы.
Дидинтæ сæвæрыны церемонийы хайад райстой Дипломатон мисситы сæргълæуджытæ æмæ Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттæ.
Цхинвал, 2024 азы джеоргуыбайы мæйы 8-æм бон