35 азы размæ Хуссар Ирыстоны адæм райдыдтой сæ сæрибардзинад, сæ зæххыл хæдбарæй цæрыны бартыл тох кæнын.
1989 азы джеоргуыбайы мæйы 23-æм бон мингай гуырдзиаг националисттæ Звиад Гамсахурдиайы сæргълæудæй гæрзифтонгæй æрбацыдысты Цхинвалмæ нæбасæтгæ ирæттæн «зонд бацамоныны» фæндимæ. Фæлæ сæ фæндтæ сæ къухты нæ бафтыдысты. Ирон адæм æрбаиу сты æмæ сын сæ фæндаг æрæхгæдтой. Уый уыд национ иудзинады æвдисæн.
Ацы бон бæстæйы алы æмбæстаджы зæрдæйы дæр ссис патриотизм, хъæддыхдзинад, адæмы æнæбасæтгæ тых, Фыдыбæстæмæ æгæрон уарзт æмæ æнувыддзинад, адæмон иудзинад, æнгомдзинад æмæ сæрибар царды сæраппонд тохы æвдисæн. Уæд Хуссар Ирыстоны адæм ноджы ирддæрæй бамбæрстой, сæ кад æмæ сæрибардзинад бахъахъхъæнын сæ бон кæй суыдзæн æрмæстдæр æнгомæй, иумæ. Уæды ахсджиаг боны цаутæ равдыстой, нæ адæмы æмæ паддзахады сæйрагдæр уарт кæй у нæ иудзинад.
Æнæбасæтгæ æнгомдзинад ссис бæстæ цы зын фæндагыл цыд, уый райдиан. Æнгомæй ирон адæм фæлæууыдысты зын тохы, хъæддыхæй бахъахъхъæдтой сæ зæхх æмæ æркодтой 2008 азы майрæмты мæйы Республикæйы хæдбардзинады банымадмæ.
Абоны бон уæлдай ахсджиаг сты национ разыдзинад æмæ æхсæнады æнгомдзинад, кæцыты фæрцы нæ бон у нæ бæстæ, йæ адæмы сабыр цард бахъахъхъæнын.
Джеоргуыбайы мæйы 23-æм бон ацыд мемориалон комплекс «Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæ»-мæ дидинтæ сæвæрыны церемони, горæт Цхинвалмæ æрбацæуæны ацыд митинг.
Цхинвал, 2024 азы джеоргуыбайы мæйы 23-æм бон