Archive

Ахсар Джиоев вручил Орден Дружбы Алхасу Квициниа

Кæфты мæйы 4-æм бон Хуссар Ирыстоны Минæварады Уæрæсейы ацыд схорзæх кæныны цытджын церемони. 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы адæмы ‘хсæн ахастытæ фидар кæныны фæдыл схорзæхджын кодта Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Алхас Квициниайы Хæлардзинады Орденæй. 

Схорзæх кæныны церемонийы уыд Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Шамба. 

Алхас Квициниа бузныджы ныхæстæ загъта хорзæхы фæдыл æмæ банысан кодта иумæйаг куысты ахсджиагдзинад. 

VIII Евразийский Форум молодых дипломатов

Кæфты мæйы 4-æм бон Æвзонг дипломатты VIII Евразиаг форумы программæйы фæлгæтты ацыдысты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ФХъМ-йы Æвзонг дипломатты советы минæвæртты дывæрсон консультацитæ. Коллегæтæ æрдзырдтой Æвзонг дипломатты советы фадыджы æмгуыстадыл æмæ дарддæры фæстиуæгджын æмархайдыл.

Встреча Ахсара Джиоева и Сергея Лаврова

Кæфты мæйы 4-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы фембæлд. 

Хуссар Ирыстоны фарсæрдыгæй фембæлды хайад иста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Андрей æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр. 

Æрдзырдæуыд хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг дывæрсон ахастыты актуалон фарстатыл, æхсæнадæмон æмæ регионалон проблемæтыл. 

МИД Южной Осетии

Сирийы Хъахъхъæнынады министрады информацимæ гæсгæ, кæфты мæйы 2-æм бон Израилы хæстон-уæлдæфон тыхтæ фæцæф кодтой Сириаг Араббаг Республикæйы территорийы. Атакæйы рæстæджы фæмард сты 3 адæймаджы, ноджы æртæ та фесты цæфтæ. 

Хуссар Ирыстоны сты израилаг фарсы архайдтыты ныхмæ, кæцыты фæстиуæгæн хæлд цæуынц САР-йы суверенитет æмæ æхсæнадæмон барады бындурон нормæтæ. Радон хатт та атакæйы сæйраг нысан уыдысты Сирийы инфраструктурæйы ахсджиаг объекттæ, сæйрагдæр та – цæрджытæ. 

Представители МИД РЮО принимают участие в VIII Евразийском форуме молодых дипломатов

Кæфты мæйы 1-4 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттæ хайад исынц Æвзонг дипломатты VIII Евразиаг форум «Еврази бирæполярон дунейы: зындзинæдтæ æмæ перспективæтæ»-йы, кæцы цæуы Мæскуыйы.

А.М. Джиоев и С.М. Шамба

Республикæ Абхазы Уæлахизы æмæ Хæдбардзинады боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Шамбамæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

А.М. Джиоев

Фарста: Цы комментари ратдзынæ дзыллон информацион фæрæзты фарстайæн Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы Гуырдзыстон, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазийы ‘хсæн уæвæн кæмæн ис, ахæм бадзырдадты фæдыл дзуаппæн?

Дзуапп: Нью-Йорчы цæуæг ИНО-йы Генералон Ассамблейы 79-æм сессийы фæдыл пресс-конференцийы рæстæджы Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров, Гуырдзыстоны официалон минæвæртты фидыды фæдыл фидиуæнтæ комментари кæнгæйæ, банысан кодта, уый кæй скъуыддзаг кæнынц бæстæтæ сæхæдæг – Абхази æмæ Хуссар Ирыстон.

Южная Осетия и Россия

2024 азы рухæны мæйы 24-26 бонты сахар Цхинвалы ацыд Иумæйаг хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг демаркацион къамисы (дæлдæр- Иумæйаг къамис) Дæсæм рабадт. 

Иумæйаг къамис адарддæр кодта Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн паддзахадон арæнæн æхсæнадæмон-барадон хуыз раттыны фæдыл куыст. 

Фембæлд цыд сабырад æмæ кæрæдзиæмбарынады уавæрты. 

Иумæйаг къамисы радон рабадты æмгъуыд æмæ бынат бæрæг цæудзысты дипломатон каналты уылтыл.

 

МИД Южной Осетии

Нæ хъус æрдардтам Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Кобахидзейы фидиуæнтæм, кæцытæ загъд æрцыдысты Нью-Йорчъы ИНО-йы Генералон Ассамблейы 79-æм сессийы рæстæджы. 

Хъыгагæн, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазийы ‘рдæм официалон Тбилисы позици ницы ивындзинæдтæ бавзæрста. Уæвæн кæмæн нæй, ахæм терминологи æмæ факттæй пайда кæнын, æцæгдзинадæй дард риторикæ дзурæг сты ууыл, æмæ Гуырдзыстон æмæ гуырдзиаг политикты ивгъуыд нæ уадзы нырма дæр. 

Ахсар Джиоев и Фейсал аль-Микдад

Сириаг Араббаг Республикæйы Вице-Президентæй снысан кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Сириаг Араббаг Республикæйы Вице-Президент Фейсал аль-Микдадмæ. 

2020 азæй абоны онг Фейсал аль-Микдад лæууыд Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæргъ. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Ахæм ахсджиаг паддзахадон бынатмæ снысан у дæ бæстæ æмæ адæмы хæрзиуæгæн бирæазон æнаипп куысты фæстиуæг æмæ дзурæг у Сириаг Араббаг Республикæйы адæм æмæ къухдариуæгады æууæнкыл.