Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан ауагъта фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ

Встреча Президента РЮО А.Э. Гаглоева с Министром иностранных дел РЮО А.М. Джиоевым

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан ауагъта кусæгон фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ.

Фембæлды сæйраг темæ ссис æддагон политикæйы фадыджы Паддзахады сæрдары хæсты реализаци, кæцытæ загъд æрцыдысты хицауады рабадты рæстæджы. 

Æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад цы паддзахадтæ банымадтой, уыдонимæ æмархайд сфидар кæныны, афтæмæй ма иннæ бæстæтимæ дипломатон бастдзинæдтæ ауæрæх кæныны фæдыл. 

Хицæн хъусдард аздæхтæуыд Уæрæсейы Федерациимæ æмгуыстад æмæ интеграцион процессты дарддæры райрæзтмæ. 

Министр фехъусын кодта Президентæн æддагполитикон уагдоны ныры куыст æмæ снысангонд æхсæнадæмон бастдзинæдты фæдыл. 

Фембæлды фæстиуæгæн Паддзахады сæрдар бахахх кодта активон дипломатон куысты ахсджиагдзинад æмæ бахæс кодта дарддæр кæнын Республикæйы æддагон бастдзинæдтæ фидар кæныны хъуыддаг. 

2026 азы тæргæйтты мæйы 13-æм бон 

13.03.2026