Archive

Ахсар Джиоев и Бассам ас-Саббаг

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгтæ æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Бассам ас-Саббагмæ Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгтæ æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министрæй снысан кæныны тыххæй. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Бæстæйы къухдариуæгады уынаффæ ахæм бæрнон паддзахадон бынатмæ снысан кæныны фæдыл дзурæг у дæ профессионалон миниуджытæ, бирæазон дипломатон архайдæн стыр аргъ кæныныл. 

Башар аль-Джаафари посетил ЮОГУ

Рухæны мæйы 21-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Сириаг Араббаг Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Башар аль-Джаафари бабæрæг кодтой Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университет.

ХИПУ-йы Ректор Тедеты Вадимимæ фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд Сириаг Араббаг Республикæйы уæлдæр ахуырадон уагдæттимæ ХИПУ-йы æмгуыстадыл. 

Фембæлды официалон хайы фæстæ ректор ауагъта уазджытæн Университетыл экскурси. 

Цхинвал, 2024 азы рухæны мæйы 21-æм бон

 

Ахсар Джиоев и Башар аль-Джаафари возложили цветы к мемориальному комплексу «Защитникам Южной Осетии»

Рухæны мæйы 21-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Башар аль-Джаафари сæвæрдтой дидинтæ Цхинвалы мемориалон комплекс «Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæн»-мæ. 

Башар аль-Джаафари Цхинвалмæ æрцыд Сириаг Араббаг делегацийы сæргъ Республикæ Хуссар Ирыстон Расидыны бонæй 34 азы рацыды цытæн бæрæгбонмæ. 

Цхинвал, 2024 азы рухæны мæйы 21-æм бон

 

Встреча Ахсара Джиоева с Башаром аль-Джаафари

Рухæны мæйы 20-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд Сириаг Араббаг Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Башар аль-Джаафариимæ, кæцы делегацийы сæргъ æрцыд Цхинвалмæ Республикæ Хуссар Ирыстон расидыны бонæй 34 азы рацыды цытæн бæрæгбонмæ.

Фембæлды ма хайад райстой Нофаль Кальтум – Уæрæсейы Федерацийы Уæвæг Сириаг Араббаг Республикæйы Минæварады кусæг æмæ Санахъоты Алексей – РХИ-йы ФХъМ-йы фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты фæдыл хайады сæрдар.

Абон Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц ахсджиаг паддзахадон бæрæгбон – Республикæ расидыны бонæй 34 азы рацыд. 

1990 азы рухæны мæйы 20-æм боны Советон Цæдисы сконды Хуссар-Ирыстойнаг Советон Демократон Республикæйы паддзахадон суверенитеты фæдыл Деклараци æрæвæрдта фидар бындур суверенон паддзахады арæзтадæн. Ацы къахдзæф бындуриуæг кодта нацийы хæдуагæвæрды бартыл – историон рæстдзинад сног кæнын, наци бахъахъхъæнын скуынæг кæнынæй.

Комментарий МИД РЮО

Как и следовало ожидать, за высказываниями Бидзины Иванишвили, почетного председателя правящей в Грузии «Грузинской мечты», о необходимости принести извинения перед осетинским народом за вооруженную агрессию против Республики Южная Осетия в августе 2008 года выступил премьер-министр страны Ираклий Кобахидзе, заявивший о том, что никто в Грузии не собирается этого делать.

Рухæны мæйы 17-æм бон æххæст кæны 16 азы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Хæларад, æмгуыстад æмæ иумæйаг æххуысы фæдыл Бадзырды бафыстыл. Ахсджиаг бадзырд ссис дыууæ бæстæйы æхсæнпаддзахадон ахастытæ бæрæг кæныны фыццаг ахæм бындурон документ, кæцыйы ис нæ бæстæты ‘хсæн политикæ, экономикæ, энергетикæ, хæстон-техникон æмгуыстад, зонад, культурæ, ахуырад, информаци, æнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ æндæр фадгуыты стратегион партнерады бындуртæ. 

Южная Осетия и Никарагуа

Республикæ Никарагуайы Хæдбардзинады боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Вальдрак Людвиг Джентске Уайтэйкермæ. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Никарагуайы дæргъвæтин историйы 1821 азы рухæны мæйы 15-æм бон у уæлдай вазыгджын æмæ бындуриуæг кæны адæмы тырнындзинадыл сæрибармæ, сæ историйæн кад кæнын æмæ ног фæлтæрты хорз фидæныл ныфс дарыныл. 

Ахсар Джиоев и Вальдрак Джентске

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Вальдрак Людвиг Джентске Уайтэйкермæ Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй снысан кæныны фæдыл. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Ахæм бæрнон паддзахадон бынатмæ снысан дзурæг у бæстæйы уæлдæр къухдариуæгады ‘рдыгæй æууæнк æмæ дæ профессионалон архайдæн стыр аргъ кæныныл.

Южная Осетия и Венесуэла

Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтомæ. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Венесуэлæ ссис, æхсæнадæмон аренæйы Хуссар Ирыстоны фарсмæ фыццаг чи æрбалæууыд, уыцы бæстæтæй иу. Уыцы къахдзæфæй равдыста, хуссарирыстойнаг адæмæн кæй ис сæ фыдæлты зæххыл сæрибарæй æмæ сабырæй цæрыны бар. 

2008 азы рухæны мæйы 9-æм бон Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæcейы ‘хсæн сфидар сты дипломатон ахастытæ. РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар йæ интервьюйы Æхсæнадæмон информацион агентад «Sputnik Хуссар Ирыстон»-æн радзырдта, 16 азмæ куыд рæзтысты дыууæ бæстæйы æмахастытæ.