Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

МИД Южной Осетии

Дипломатон æгъдауæй æрбæстон кæныны фæлварæнтæм нæкæсгæйæ, хæстон-политикон уавæр Æввахс Скæсæны æвиппайды æрцыд дестабилизацигонд. Уый баст у Ираны ныхмæ Америкæйы Иугонд Штатты æмæ Израилы хæстон-уæлдæфон цæфтимæ.

Атакæты фæстиуæгæн ис бирæ амæттæгтæ Ираны цæрджыты, уый хыгъд политикон æмæ хæстон къухдариуæгады ‘хсæн дæр. Фæхъуыд Ираны Сæрдар Али Хоменеи.

Ираны фарсæрдыгæй атакæгонд æрцыдысты хæстон объекттæ, Америкæйы Иугонд Штатты – Кувейты, Иракы цæгат фарс, Саудаг Арави, Катар, Иугонд Араббаг эмираттæ æмæ Израилы.

Эскалацийы дарддæры рæзт гæнæн ис æмæ æркæна регионы, цыран ис атомон объекттæ дæр, гуманитарон æмæ экономикон катастрофæмæ.

Сидæм æхсæнадæмон барады нормæтæ æххæст кæнынмæ. Уый æнæмæнг у Исламаг Республикæ Ираны алыварс æндыгъд уавæры тагъддæр æрбæстон кæнынæн.

Сæвзæргæ уæлвæткон уавæр бандавдзæн Æввахс Скæсæны бæстæты уæвæг фæсарæйнаг æмбæстæгтыл дæр.

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æмбæстæгтæй Æввахс Скæсæны бæстæты чи ис æмæ фæстæмæ ратæхыны хъуыддаджы зындзинæдтæ чи æвзары, уыдонæн фыццаджыдæр æнæмæнг у авиакомпанийæ базонын бæрæг бæлвырд информаци.

Уый хыгъд ахсджиаг у уыцы паддзахадты уæвæг уæрæсейаг дипломатон минæварадтæ æмæ бынæттон хицауадтæ цы информаци дæттынц, уый æххæст кæнын!

Бæстæты уавæры фæдыл æрмæджытæ фæзыны Уæрæсейы ФХъМ-йы Уавæрон-кризисон центры Департаменты (УКЦД) электрон ресурсты:

https://dskc.mid.ru/

телефон: +7(495) 695-45-45

e-mail: dskc@mid.ru

УФ-йы ФХъМ-йы УКЦД-йы телеграмм-канал: https://t.me/DSKC_MID_Russia/

2026 азы тæргæйтты мæйы 1-æм бон

10.03.2026