Archive

Встреча А. Джиоева со студентами МГИМО

Джеоргуыбайы мæйы 7-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар, Мæскуыйы кусæгон балцы уæвгæйæ, бабæрæг кодта Уæрæсейы ФХъМ-йы Æхсæнадæмон ахастыты Мæскуыйы паддзахадон институт (университет), цыран фембæлд Хуссар Ирыстонæй студенттимæ.

Фембæлды хайад райстой ÆАМПИ-йы Æхсæнадæмон управленийы Сæргълæууæг Егор Андреев, ÆАМПИ-йы фæсивæдон политикæ, социалон фарстатæ æмæ æхсæнадæмон бастдзинæдты фæдыл Проректор Станислав Суровцев, ÆАМПИ-йы цур Ректораты Уынаффæгæнæг Андрей Решетняк æмæ Хуссар Ирыстоны Минæварады Уынаффæгæнæг Уæрæсейы Денис Долгушев.

Женева

2024 азы джеоргуыбайы мæйы 5-6 бонты Женевæйы ИНО-йы Нациты галуаны ацыд Фæскавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы 62-æм раунд. Дискусситæ цæуынц Медведев æмæ Саркозийы 2008 азы майрæмты мæйы 12-æм æмæ рухæны мæйы 8-æм бонты бадзырдадтæм гæсгæ.

Ялтинский международный форум

Джеоргуыбайы мæйы 6-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста пленарон рабадт «Хъырым- Уæрæсейы форпост раст дунеарæзтады фæдыл тохы»-йы, кæцы цæуы Ялтæйы æхсæнадæмон форум (ЯÆФ) – 2024 «Хъырымы хæлæрттæ – Уæрæсейы хæлæрттæ»-йы фæлгæтты джеоргуыбайы мæйы 6-7-æм бонты Мæскуыйы. 

Мадзалы ма хайад райстой Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты (ХИПУ) Ректор Тедеты Вадим æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты раздæры министр Медойты Дмитрий. 

Ахсар Джиоев и Драгослав Блажевич

Джеоргуыбайы мæйы 4-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты (СДÆК) Минæварады Сæрдар Драгослав Блажевичы йæ хæстæ кæронмæ бахæццæ кæныны фæдыл. 

Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл СДÆК-ы Минæварады куыстмæ уæзгæ хайбавæрды фæдыл Джиоты Æхсар бузныджы ныхæстæ загъта Драгослав Блажевичæн æмæ йын раарфæ кодта дарддæры æнтыстыты фæндиæгтимæ.

Д. Блажевич дæр бузныджы ныхæстæ загъта хуссарирыстойнаг фарсæн æнтысджын æмгуыстады фæдыл.

А.М. Джиоев и М.М. Кулахметов

Адæмон иудзинады боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

Научная конференция в ЮОНИИ

Кæфты мæйы 31-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста зонадон конференци «Уæрæсемæ Ирыстоны æрбаиуыл 250 азы сæххæст»-ы, кæцы ацыд Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты (ХИЗИИ).

Мадзалмæ ма хуынд æрцыдысты РХИ-йы парламенты Вице-спикер Тадтаты Таймураз, Цхинвалы уæвæг Уырыссаг хæдзары Сæрдар Сергей Комиссаров, æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы хуссарирыстойнаг хайады къухдариуæггæнæг Тыбылты Леонид.

МИД Южной Осетии

Кæфты мæйы 11-æм бон Женевæйы ИНО-йы Адæймаджы барты фæдыл Совет ЕЦ, Болгари, Япони, Люксембург æмæ Финляндийы делегациты æххуысæй райста резолюци «Гуырдзыстонимæ æмгуыстад», кæцыйы ис афтæ хуыйнæг гуырдзиаг территориты оккупаци æмæ «Гуырдзыстоны Абхазаг æмæ Цхинвалы регионты адæймаджы бартæ халыны» фæдыл мæнг тезистæ. 

Пресс-конференция

Кæфты мæйы 8-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры комитеты ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары пресс-конференци, кæцыйы дзырд цыд Мæскуымæ балцы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ фембæлды фæстиуджытыл.

Кæфты мæйы 8-æм бон Цхинвалы ацыд Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджыты фембæлд Женевæйы дискусситы ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йы Æмсæрдæрттимæ.

Фембæлд ацыд Женевæйы дискусситы 62-æм раунды хæдразмæ æмæ дзы дзырд цыд æрцæугæ раунд ауадзыны фарстатыл. 

Кæфты мæйы 7-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ. 

Æддагполитикон уагдоны сæргълæууæг радзырдта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ фембæлды фæстиуджыты фæдыл, кæцы ацыд кæфты мæйы 4-æм бон.