Тæргæйтты мæйы 19-æм бон Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы хъæппæрисæй онлайн-форматы ацыд фембæлд Манагуаимæ (Никарагуа), кæцыйы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты со-министр Вальдрак Джентске.
Онлайн-фембæлдмæ æрбаиу сты Никарагуайы Æддагполитикон уагдоны со-министр Денис Монкада, кæцы ис Нью-Йоркы, афтæмæй ма Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Асусена Торрес Мехия.
Джиоты Æхсар Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы номæй арфæйы ныхæстæ загъта Команданте Даниэль Ортега æмæ Со-Президент Росарио Мурильойæн.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастытыл, нысангонд æрцыд сæ дарддæры размæдзыды ахсджиагдзинад. Дунейы ивындзинæдтæ æмæ æндыгъд уавæр хынцгæйæ, дыууæ бæстæйæн дæр сæйраг сты суверенитет, кæрæдзийы мидхъуыддæгтæм мацы бар дарын æмæ тыхæй ма спайда кæныны принциптæ.
Никарагуайаг коллегæтæ ногæй банысан кодтой, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны фæдыл сæ уынаффæтæн фæивæн кæй нæй æмæ равдыстой сæ цæттæдзинад æппæтварсон диалогмæ.
2026 азы тæргæйтты мæйы 20-æм бон