Æрвыл аз дæр тæргæйтты мæйы 18-æм бон Хуссар Ирыстоны ссарынц Ереды трагедийы чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ. Уыцы цау ссис геноциды политикæйы радон æвдисæн, кæцы Гуырдзыстоны хицауад сæдæ азы дæргъы уагъта ирон адæмы ныхмæ.
Archive
Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан ауагъта кусæгон фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ.
Фембæлды сæйраг темæ ссис æддагон политикæйы фадыджы Паддзахады сæрдары хæсты реализаци, кæцытæ загъд æрцыдысты хицауады рабадты рæстæджы.
Æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад цы паддзахадтæ банымадтой, уыдонимæ æмархайд сфидар кæныны, афтæмæй ма иннæ бæстæтимæ дипломатон бастдзинæдтæ ауæрæх кæныны фæдыл.
Хицæн хъусдард аздæхтæуыд Уæрæсейы Федерациимæ æмгуыстад æмæ интеграцион процессты дарддæры райрæзтмæ.
Дипломатон æгъдауæй æрбæстон кæныны фæлварæнтæм нæкæсгæйæ, хæстон-политикон уавæр Æввахс Скæсæны æвиппайды æрцыд дестабилизацигонд. Уый баст у Ираны ныхмæ Америкæйы Иугонд Штатты æмæ Израилы хæстон-уæлдæфон цæфтимæ.
Атакæты фæстиуæгæн ис бирæ амæттæгтæ Ираны цæрджыты, уый хыгъд политикон æмæ хæстон къухдариуæгады ‘хсæн дæр. Фæхъуыд Ираны Сæрдар Али Хоменеи.
Ираны фарсæрдыгæй атакæгонд æрцыдысты хæстон объекттæ, Америкæйы Иугонд Штатты – Кувейты, Иракы цæгат фарс, Саудаг Арави, Катар, Иугонд Араббаг эмираттæ æмæ Израилы.
Тæргæйтты мæйы 6-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Асусена Торрес Мехияимæ.
Фембæлд ацыд хæларадон уавæры. Ныхасы рæстæджы равдыстæуыд цæттæдзинад Хуссар Ирыстон æмæ Никарагуайы 'хсæн дарддæры фæстиуæгджын æмгуыстадмæ.
2026 азы тæргæйтты мæйы 6-æм бон
Тæргæйтты мæйы 5-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар Мæскуымæ кусæгон балцы фæлгæтты бабæрæг кодта Уго Рафаэль Чавес Фриасы царды ахицæнæй XIII азы рацыды охыл мысæн мадзал, кæцы ацыд Венесуэлæйы дипломатон минæварады Мæскуыйы.
Мадзалы фæлгæтты ацыд Хуссарирыстойнаг æддагполитикон уагдоны сæрдар Джиоты Æхсары фембæлд Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкесимæ.
Тæргæйтты мæйы 5-æм бон Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Мæскуыйы ацыдысты æхсæнуагдонон консультацитæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы ФХъМ-йы Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады (ХПÆ) бæстæты Цыппæрæм департаменты къухдариуæгады хайадистимæ.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд регионалон проблематикæйы актуалон здæхтыты, афтæмæй ма хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг дывæрсон æмархайды фарстатыл, се ‘хсæн æддагполитикон уагдæтты хаххыл æмгуыстад дæр.
2026 азы тæргæйтты мæйы 5-æм бон
Тæргæйтты мæйы 2-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Тымбыл фынг «Уæрæсе æмæ Ирыстоны адæмты иудзинад: культурæты диалог нырыккон уавæрты»-йы куысты, кæцы арæзт æрцыд Уæрæсейы Адæмты иудзинады азы фæлгæтты РПП «Иудзинад» æмæ РПП «Ныхас»-ы æххуысæй.
Мадзал ацыд Анахарсисы номыл Хуссар Ирыстоны Республикон библиотекæйы æмæ йæ сæйраг нысан у æхсæнадæмон ахастыты дарддæры райрæзт æмæ адæмты ‘хсæн хæлардзинады сфидаркæнынад.
Æртхъирæны мæйы 24-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Эдуарды фырт Аланы Барамындмæ гæсгæ Джиоты Мурæты фырт Æхсар нысангонд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй.
2026 азы æртхъирæны мæйы 24-æм бон
Æртхъирæны мæйы 17-æм бон Цхинвалы ацыд Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджыты кусæгон фембæлд ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йы Æмсæрдæрттимæ.
Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд Дискусситы радон 66-æм раунды актуалон фарстатыл, кæцы нысангонд æрцыд ацы азы тæргæйтты мæйы 18-19 бонтæм.
Æртхъирæны мæйы 17-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан фембæлд Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Олег Барцицимæ.
Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Джиоты Æхсар, Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Елбачиты Алан, Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Одиссей Бигвава, Республикæ Абхазы ФХъМ-йы Стратегион æмгуыстады департаменты сæрдар Джемал Бганба.
Æртхъирæны мæйы 17-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Джиоты Æхсары æмæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Олег Барцицы фембæлд.
Æртхъирæны мæйы 17-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгы министры хæстæ æххæстгæнæг Джиоты Æхсар æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Олег Барциц бабæрæг кодтой мемориалон комплекс «Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæн». Олег Барциц Абхазы ФХъМ-йы делегацийы сæргъ кусæгон балцимæ æрцыд Цхинвалмæ.
Джиоты Æхсар æмæ Олег Барциц абхазы делегацийы уæнгтимæ сæвæрдтой дидинтæ мемориалмæ æмæ ссардтой фæмардуæвджыты рухс ном.
2026 азы æртхъирæны мæйы 17-æм бон