Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны акт æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзтæй 34 азы рацыды цытæн

МИД Южной Осетии

1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 28-29-æм бонты Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийы тæккæ тæмæны Цхинвалы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы сесси, кæцыйы рæстæджы ист æрцыд Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны акт. 

Ацы историон къахдзæф бындуриуæг кодта 1992 азы референдумы хатдзæгтыл æмæ, æхсæнадæмон барады æппæт нормæтæн дзуапп дæтгæйæ, ист æрцыд хи паддзахаддзинад саразынæн. Æрмæстдæр афтæ Хуссар Ирыстоны адæмæн сæ бон уыд сæ бартæ æмæ сæрибардзинад бахъахъхъæнын. 

Уыцы историон сессийы арæзт æрцыд Республикæйы Министрты Фыццаг совет, уый сконды фыццаг хатт фидаргонд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Æддагон бастдзинæдты министрад, кæцы 2002 азы ивд æрцыд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ. 

Хи дипломатон службæйы арæзтад – хæдбар хуссарирыстойнаг паддзахады æнæмæнгхъæугæ иуæг – ссис ахсджиаг цау йæ райрæзты рæстæджы, уæзгæ хайбавæрд бахаста æвзонг паддзахады арæзтадмæ. 

Уæды рæстæджы къухдариуæгады хъæддых æмæ политикон уынаффæтæ, кæцытæ ист æрцыдысты Хуссар Ирыстоны нырыккон историйы æппæты зындæр рæстæджыты, систы бæстæйы дарддæры размæдзыды бындур æмæ куыдфæстагмæ æркодтой 2008 азы Республикæйы паддзахадон хæдбардзинады æхсæнадæмон банымадмæ. 

Уыцы ахсджиаг цаутæ зæрдыл даргæйæ, абоны бон мах сæрыстырæй кæсæм рацæугæ фæндагмæ. Кад кæнæм нæ хæдбардзинады ратæдзæнты чи лæууыд, нæ бартыл чи тох кодта, æппæт уыдонæн. Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад æмæ рухс фидæны сæраппонд сæ цардтæ чи радта, уыцы хъайтарты рухс ном арæм. 

Уадз æмæ ацы бон кæддæриддæр зæрдыл лæууын кæна, куыд зынаргъ нын у нæ хæдбардзинад æмæ нын куыд ахсджиаг у нæ паддзахаддзинад. Уадз æмæ нæ цырен кæна ног æнтыстытæм нæ Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн. 

2026 азы зæрдæвæрæны мæйы 28-æм бон

28.05.2026