Зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон – Гуырдзиаг агрессийы амæттæгты мысæн бон

34-я годовщина Зарской трагедии
34-я годовщина Зарской трагедии
34-я годовщина Зарской трагедии
34-я годовщина Зарской трагедии
34-я годовщина Зарской трагедии
34-я годовщина Зарской трагедии

1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон – æнустæм сау дамгъæтæй æрцыд фыст Хуссар Ирыстоны нырыккон историйы. Ацы бон гуырдзиаг хæстонтæ æмбæхст ранæй æгъатырæй ныццагътой, сæ цард фервæзын кæнынмæ Хуссар Ирыстонæй Цæгатмæ чи лыгъд, уыцы ирон æмбæстæгты. Ацы æбуалгъ фыдракæнды амæттæгтæ систы 33 æнаххос адæймаджы, уыдоны нымæцы сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ.

Ацы æгъатыр æмæ сраст кæнæн кæмæн нæй, ахæм фыдракæнд баззад æнæбайгас хъæдгомæй æмæ зæрдыл лæууын кæны, гуырдзиаг фашистон режим æндæр æмæ æндæр азты цыдæриддæр тугамæхст фыдракæндтæ фæкодта ирон адæмы геноциды политикæйы рæстæджы, æппæт уыдон. Хъыгагæн, ахæм фыдракæндтæ чи арæзта, чи сæ æххæст кодта, уыдонæй æфхæрд ничи баййæфта.

Зары трагеди ссис канд æгъатырдзинады æвдисæн нæ, фæлæ ма ирон адæмы иудзинад æмæ хъæддыхдзинады символ дæр, кæцытæ, тыхæвзарæнты сæрты рахизгæйæ, 2008 азы Гуырдзыстоны радон хæстон агрессийы фæстæ райстой хæдбардзинад.

34 азы рацыд, фæлæ хъæдгæмттæ нæ байгас сты. Ацы бон мах арæм фæмардуæвджыты рухс нæмттæ, кæцытæ æнустæм баззайдзысты Хуссар Ирыстоны историйы. 

Зары хъæуы мемориал «Хъынцъымгæнаг мад»-ы раз ацыд Зары фæндагыл æнаххосæй фæмардуæвджыты æмæ æндæр азты ирон адæмы геноциды гуырдзиаг агрессорты къухтæй чи фæмард, йæ Фыдыбæстæйы хæдбардзинады сæрыл тохы чи ратта йæ цард, уыдон рухс нæмттæ ссарынæн фыдохы митинг. 

Хъынцъымы мадзалы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Министрады кусджытæ. 

2026 азы зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон

20.05.2026