Зæрдæвæрæны мæйы 1-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд Министр Джиоты Æхсары фембæлд Италийы уæвæг РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Официалон минæвар Мауро Мурджа æмæ «Хæдбар Венетойы Комитеты» президент, ассоциаци «Венето-Уæрæсе»-йы сæрдар Палмарино Дзокателлиимæ.
Фембæлды ма хайад райста Министрады Æддагполитикон бастдзинæдты управленийы Сæрдар Джиджджойты Таймураз.
Министр стыр æхцондзинадимæ райста Хуссар Ирыстоны хæлæртты æмæ сын раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы номæй. Афтæмæй ма бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæй кæнынц М. Мурджа æмæ П. Дзокателлийы куыстæн. Джиоты Æхсары ныхæстæм гæсгæ, уæвæг зындзинæдтæм нæкæсгæйæ, РХИ-йы ФХъМ-йы Официалон Минæвары куыст фадат дæтты фæсарæйнаг бæстæтимæ æмархайд уæрæх кæнынадæн бындур æвæрынæн.
М. Мурджа дæр бузныджы ныхæстæ загъта министрæн хъарм райсты тыххæй æмæ бахахх кодта, Ирыстоны хæлæрттæ кæй сты «æппæт Италийы, уый нымæцы сакъадахтæ Сардини æмæ Сицилийы дæр». Афтæмæй ма банысан кодта, Италийы делегаци цæттæ кæй у Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадон банымады фæдыл куыстмæ.
Палмарино Дзокателли ныфс дары, фæстаг азты дæргъы æхсæнадæмон аренæйы ивындзинæдты уавæры, кæй ивдзæн Хуссар Ирыстонмæ ахаст дæр.
Фембæлды фæуды дыууæ фарс дæр кæрæдзийæн радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Италийы делегаци ма фембæлд Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Университеты Ректор Тедеты Вадимимæ. Фембæлды рæстæджы Палмарино Дзокателлийæн официалон æгъдауæй лæвæрд æрцыд ХИПУ-йы Кадджын Профессоры ном. Делегацийы уæнгтæ ма бабæрæг кодтой дуры куыстгæнæн завод «Алайнаг дур».
2026 азы зæрдæвæрæны мæйы 1-æм бон