Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы бонæй 81 азы рацыды цытæн рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ, кæцыйы, сæрмагондæй, банысан кодта, ветеранты сгуыхтдзинад, се 'гæрон уарзт Фыдыбæстæмæ æмæ хъайтардзинад абоны бон дæр кæй у нæ паддзахадты ‘хсæн хæларадон ахастыты размæдзыдæн ирд дæнцæг. Афтæмæй ма бахатыд, цæмæй Хуссар Ирыстоны цæрæг Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæн загъд æрцæуой стыр бузныджы ныхæстæ æмæ фидар æнæниздзинад, амонд æмæ фæрныгады фæндиæгтæ.
Джиоты Æхсар дæр Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы бонæй 81 азы рацыды цытæн арвыста Сергей Лавровмæ арфæйы фыстæг.