Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны цытджын Альба Асусена Торрес Мехиямæ йæ Райгуырæн боны цытæн.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Дæ бæрзонд профессионализм æмæ куырыхондзинад нысан гæнгæйæ, фæнды мæ бахахх кæнын ныры зын дуджы хуссарирыстойнаг-никарагуайаг ахастыты сырæзт æмæ размæдзыды, афтæмæй ма Никарагуайы æддагполитикон курс æххæст кæныны хъуыддагмæ дæ хайбавæрд.