Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбайы арфæйы фыстæг Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн

Ахсар Джиоев и Инал Ардзинба

Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинба рарвыста арфæйы нотæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы: 

«2008 азы майрæмты мæйы 26-æм бон Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Абхазы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны банымад суверенон æмæ хæдбар паддзахадтæй ссис нæ паддзахадты нырыккон историйы ахсджиагдæр цаутæй иу.

Национ хæдхуыздзинад æмæ æнусон æгъдæуттæ хъахъхъæнгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстон фидар къахдзæфтæй цæуы йæ паддзахад фидар кæныны æмæ размæдзыды фæндагыл.

Мах аргъ кæнæм Хуссар Ирыстонимæ нын цы ахастытæ сырæзт, уыдонæн. Уырны нæ, нæ адæмы хæрзиуæгæн мах дарддæр дæр æмдыхæй кæй рæзын кæндзыстæм дывæрсон æхсæнпаддзахадон æмгуыстад».

 

26.08.2023