Беслæны трагикон цаутæй 19 азы рацыды фæдыл Цхинвалы ацæугæ мысæн акцийы тыххæй

Акция в память о жертвах Бесланской трагедии
Акция в память о жертвах Бесланской трагедии

Рухæны мæйы 1-3 бонты Ирыстоны мысынц Беслæны æгъатыр теракты амæттæгты. 2004 азы рухæны мæйы 1-æм бон 30 террористæй фылдæр бацахстой Беслæны фыццæгæм скъола æмæ амынæты систой 1128 адæймаджы, кæцыты æртæ боны дæргъы хъизæмарæй мардтой, нæдæр сын дон уыд, нæдæр хæрд. Беслæны трагедийы фыдгæнджыты къухтæй фæмард сты 334 адæймаджы, се ’хсæн 186 сывæллоны. Фæмард сты тыхон структурæты æмæ Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ. Алыхуызон цæфтæ райстой 810 адæймаджы.

Рухæны мæйы 3-æм бон Сыгъдæг Мады Майрæмы райгуырды аргъуаны раз Сæйраг фæзуаты ацыд Беслæны трагедийы амæттæгты мысæн акци.

Теракты æнæаххос амæттæгты рухс ном ссарынмæ æрбацыдысты сæдæгай адæм, министрадты æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ, парламенты депутаттæ, æхсæнад, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æмæ уазджытæ.

Мысæн мадзалы ма хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Министрады кусджытæ. 

Æрæмбырдуæвджытæ иу минут æдзæмæй алæугæйæ ссардтой Беслæны трагедийы амæттæгты рухс ном, «Хъынцъымгæнаг мад»-ы обелискмæ сæвæрдтой дидинтæ, æрбахастой  дон æмæ хъазæнтæ.

Фæмардуæвджыты рухс номыл арвмæ суагътой 334 урс тымбылæджы.

Ацы бон Республикæйы аргъуанты ацæудзысты трагедийы амæттæгты номарæн службæтæ.

Цхинвал, 2023 азы рухæны мæйы 3-æм бон

03.09.2023