Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Денис Роналдо Монкада Колиндресмæ Никарагуайы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«2008 азы майрæмты мæйы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийы трагикон цауты фæстæ 2008 азы рухæны мæйы 3-æм бон Никарагуайы уæлдæр хицауад рахаста ацы историон уынаффæ, кæцы фенын кодта, хуссарирыстойнаг адæмæн кæй ис сæ фыдæлты зæххыл сæрибарæй, æдасæй цæрыны бар. Æхсæнадæмон банымадмæ фæндаг уыд Хуссар Ирыстоны адæмæн сæ тугæй æлхæд, бирæазон уæззау тохы фæстиуæг.
Никарагуайы уынаффæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны фæдыл уæлдай хатт фенын кодта Никарагуайы хицауады хъару æмæ сандинистон уаг æддагполитикон курс уадзыны хъуыддаджы, уымæй дарддæр ма фидарæй равдыста, æхсæнадæмон ахастыты Никарагуайæн уæлдай ахсджиаг кæй сты æхсæнадæмон барады принциптæ, рæстдзинад, сабырад æмæ демократон размæдзыд.
Хуссар Ирыстоны историйы ацы ахсджиаг цауæн саргъ гæнæн дæр нæй. Хуссар Ирыстоны адæм алыхатт дæр бузныг уыдзысты никарагуайаг адæмæн æхсæнадæмон аренæйы æххуыссы тыххæй.
15 азы дæргъы нæ бæстæты ‘хсæн хæларад æмæ æмгуыстады ахастытæ кæрæдзийы интерестæ хынцгæйæ, æнтысджынæй рæзынц алыхуызон здæхтыты. Уæрæх кæны æхсæнпаддзахадон политикон диалог, афтæмæй ма æмгуыстад алыхуызон фадгуыты».