Арфæйы фыстæг Республикæ Арцахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Газарянмæ Республикæ Арцахы боны цытæн

А.М. Джиоев и С.В. Газарян

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Арцахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Газарянмæ Республикæ Арцахы боны цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:  

«1991 азы рухæны мæйы сæрибар æмæ хæдбардзинады фæндаг равзаргæйæ, арцахæгтæ уæззау тохы рацыдысты Республикæйы арæзтад æмæ размæдзыды зын фæндаг.

Хуссар Ирыстоны сæ хъус дарынц Хæххон Хъарабахы алыварс сæвзæргæ уавæрмæ æмæ сты уый æвварс, цæмæй уæвæг фарстытæ скъуыддзаг цæуой сабырæй, Арцахы цæрджыты хъуыды хынцгæйæ.

Мæ зæрдæ зæгъы дæуæн, цытджын Министр, Хæххон Хъарабахы Республикæйы ФХъМ-йы æппæт кусджытæн æмæ Арцахы цæрджытæн æнæниздзинад æмæ фæрныгад».

 

 

02.09.2023