Арфæйы фыстæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы сырæзтæй 33 азы рацыды цытæн

А.М. Джиоев и В.В. Игнатьев

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы сырæзтæй 33 азы рацыды цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«1990 азы рухæны мæйы 2-æм бон Приднестроваг Молдаваг Республикæйы хæдбардзинады банымад ссис приднестровæгты ахсджиаг къахдзæф хæдбарад æмæ историон рæстдзинады фæндагыл. Хъайтардзинад æмæ лæгдзинад æвдисгæйæ, приднестровæгтæ зын æхсæнадæмон уавæры фидарæй хъахъхъæнынц сæ сæрибардзинад.

Цытджын Виталий Викторы фырт, ныфс дарын, нæ уагдæтты ‘хсæн хæларадон ахастытæ дарддæр дæр ахъаз кæй уыдзысты Хуссар Ирыстон æмæ Приднестровьейы ‘хсæн конструктивон æмархайд æмæ æмгуыстад арфдæр кæнынæн».   

02.09.2023