Уæрæсейы Федерацийы Хъуыддæгты фæдыл рæстæгмæ минæвар Александр Журовы арфæйы фыстæг Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй 15 азы рацыды цытæн

А.М. Джиоев и А.В. Журов

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй 15 азы рацыды цытæн Уæрæсейы Федерацийы Хъуыддæгты фæдыл рæстæгмæ минæвар Александр Журов рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«2008 азы рухæны мæйы 9-æм бон дипломатон ахастытæ сфидар кæныны фæдыл нотæты арвыст кæрæдзимæ ссис ахсджиаг цау нæ бæстæты историйы, кæцыйы фæстæ Уæрæсейы Федераци банымадта Хуссар Ирыстоны суверенитет. Хæларад æмæ æмгуыстадыл бындуриуæг кæнгæйæ, ныффидар сты æхсæнпаддзахадон ахастытæ. Фæстæдæр дыууæ «бындурон» документы - 2008 азы рухæны мæйы 17-æм бонæй Хæларад, æмгуыстад æмæ иумæйаг æххуысы фæдыл бадзырды æмæ 2015 азы тæргæйтты мæйы 18-æм бонæй Хæларад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырды райст æрæвæрдта фидар бындур сæ дарддæры æнтысджын размæдзыдæн.

Æмгуыстад уæрæх кæныны хъуыддаджы ахсджиаг бынат ис не ‘ддагполитикон уагдæттæн. Æрвылбон дæр уыдон скъуыддзаг кæнынц регионалон æмæ æхсæнадæмон боны фæткы, афтæмæй ма бадзырдон-барадон бындур сфидар кæныны фæдыл ахсджиаг фарстытæ. Нæ дипломаттæ иумæ кусынц Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон банымады хъуыддагыл, Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы Æхсæнадæмон дискусситы æмæ Инциденттæ аиуварс кæнын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны механизмы фæлгæтты хъахъхъæнынц иумæйаг интерестæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадимæ ацы куыст æмæ æнгом æмархайд дарддæр кæй кæндзысты, уый ныфс нæ ис».

09.09.2023