Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны цытджын Альба Асусена Торрес Мехиямæ йæ Райгуырæн боны цытæн.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Дæ бæрзонд профессионализм æмæ куырыхондзинад нысан гæнгæйæ, фæнды мæ бахахх кæнын ныры зын дуджы хуссарирыстойнаг-никарагуайаг ахастыты сырæзт æмæ размæдзыды, афтæмæй ма Никарагуайы æддагполитикон курс æххæст кæныны хъуыддагмæ дæ хайбавæрд.
2023 азы майрæмты мæйы 26-æм бон Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Денис Роналдо Монкада Колиндресы æмæ дæ бæрзонддзинады æрцыд Цхинвалмæ Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн бæрæгбонмæ ссис ирд дæнцæг нæ бæстæтæ æмæ нæ адæмы ‘хсæн æнтысджын æмгуыстадæн. Фидарæй ныфс дарын, уыцы æмгуыстад дарддæр дæр кæй рæздзæн æмæ размæ кæй цæудзæн.
Мæ зæрдæ дын зæгъы æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ, Никарагуайы адæмæн та- сабырдзинад æмæ фæрныгад».