Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны бонæй 15 азы рацыды фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ Джиоты Æхсар æмæ Сергей Лавров арвыстой кæрæдзимæ арфæйы фыстæджытæ

А.М. Джиоев и С.В. Лавров
А.М. Джиоев и А.В. Журов

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны бонæй 15 азы рацыды фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ Джиоты Æхсар æмæ Сергей Лавров арвыстой кæрæдзимæ арфæйы фыстæджытæ.

Сæрмагондæй, Джиоты Æхсар йæ фыстæджы банысан кодта:

«2008 азы рухæны мæйы 9-æм бон хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг æмахастыты дæргъвæтин историйы лæууы ахсджиагдæр цауты æмрæнхъ. Нæ бæстæты ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны размæ Уæрæсейы Федерацийы хицауад рахаста фæндон Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй. Уый фæдыл нотæты арвыст кæрæдзимæ æрæвæрдта бындур дыууæ паддзахады ‘хсæн официалон контакттæн æмæ уыимæ иумæ хуссарирыстойнаг адæммæ ногæй фæзынд рæстдзинад, сабырад æмæ æдас царды ныфс.

Ацæугæ азты нæ бæстæты æддагполитикон уагдæтты раст архайд æркодта æвæрццаг фæстиуджытæм. Уый у æхсæнпаддзахадон æмгуыстады иттæг хорз æвдисæн.

Экономикæ, социалон политикæ, ахуырад æмæ æдасдзинады фадгуыты уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг дипломатты активон куыстыл дзурæг у бадзырдон –барадон бындур, кæцымæ гæсгæ æвдыст цæуы дывæрсон ахастыты хæларадон здæхт, афтæмæй ма иумæйагдзинад æхсæнадæмон æмæ регионалон боны фæткы фарстыты.

Цытджын Сергей Викторы фырт, Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц Уæрæсейы Федерацийæн йе ‘ппæтварсон æххуысы, æхсæнадæмон аренæйы нæ бæстæйы позицитæ размæ кæныны, Кавказы сабырад æмæ стабилондзинад хъахъхъæныны тыххæй. Дывæрсон æхсæнпаддзахадон ахастыты фидаркæнынадмæ æмæ дунеон æмвæзадыл Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йæн æххуысы хъуыддагмæ та дæ хайбавæрд æгæрон у.

Фидарæй мæ уырны, нæ бæстæты æддагполитикон уагдæтты ‘хсæн сæвзæргæ хæларадон æмæ конструктивон ахастытæ дарддæр дæр нæ бæстæты хæрзиуæгæн ахъаз кæй уыдзысты хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг æмгуыстад уæрæх кæнынæн æмæ райрæзтæн, афтæмæй ма интеграцион процесстæ фидар кæнынæн».

Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы арфæ бакаст Уæрæсейы Федерацийы Хъуыддæгты фæдыл рæстæгмæ минæвар Хуссар Ирыстоны Александр Журов.

Сæрмагондæй, Сергей Лавровы фыстæджы дзырдæуы:

«Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымад ссис ахсджиаг историон цау, кæцы кæронбæттæн скодта хуссарирыстойнаг адæмы тохæн сæ сæрибар, сабыр æмæ аккаг царды сæраппонд.

Нæ бæстæты ‘хсæн цы ахастытæ ныффидар сты, уыдон, хæларад æмæ интеграцийыл бындуриуæг кæнгæйæ, æнтысджынæй рæзынц, размæ цæуынц. Стыр æхцондзинадимæ банысан кæндзынæн, Уæрæсейы ФХъМ-йы æмæ Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы ‘хсæн æмиуад кæй ис æппæт æмвæзадтыл дæр. Ныфс дарын, уый дарддæр дæр ахъаз кæй уыдзæн дывæрсон æмгуыстад фидар кæнынæн, уæ бæстæйы æхсæнадæмон номы рæзтæн, Хуссар Кавказы сабырад æмæ æдасдзинадæн». 

 

09.09.2023