Тымбыл фынг «Хуссар Ирыстон - Уæрæсе: 15 азы дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй»-йы куысты фæдыл

Круглый стол «Южная Осетия – Россия 15-летие установления дипломатических отношений»
Круглый стол «Южная Осетия – Россия 15-летие установления дипломатических отношений»
Круглый стол «Южная Осетия – Россия 15-летие установления дипломатических отношений»

Рухæны мæйы 8-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетимæ иумæ ауагъта тымбыл фынг «Хуссар Ирыстон – Уæрæсе: 15 азы дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй», кæцы ацыд ХИПУ-йы конференц-залы.

Тымбыл фынг ацыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй 15 азы рацыты цытæн.

Тымбыл фынджы куысты хайад райстой ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, Республикæ Хуссар Ирыстоны зонадон æмæ политикон æмæхсæнады минæвæрттæ, дипломаттæ, æхсæнадæмон ахастыты фадыджы эксперттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар раарфæ кодта мадзалы уазджытæ æмæ хайадисджытæн, афтæмæй ма банысан кодта хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг æмахастыты бæрзонд æмвæзад. Æддагполитикон уагдоны сæргълæууæг бафиппайдта, 15 азмæ кæй æрæвæрдæуыд фидар бадзырдон-барадон бындур, кæцыйы ахады 130 æхсæнпаддзахадон, æхсæнхицауадон æмæ æхсæнуагдонон документæй фылдæр.  

Ацы боны ахсджиаг нысаниуæджы тыххæй радзырдтой уыцы цауы хайадисджытæ- РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты раздæры министр Джиоты Мурæт æмæ РХИ-йы Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг- Коцты Константин.

Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн дывæрсон ахастыты фарстытыл, уымæй дарддæр ма скондæуыд хатдзæгтæ рацæугæ рæстæджы æнтыстытæн.

Æрæмбырдуæвджытæ банысан кодтой, 2008 азы рухæны мæйы 9-æм бон кæй ссис ахсджиаг Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны банымады хъуыддаджы, афтæмæй ма дывæрсон ахастытæ кæй рахызтысты ног æхсæнпаддзахадон æмвæзадмæ, кæцы дæтты фадат æмархайды размæдзыдæн.

Цхинвал, 2023 азы рухæны мæйы 9-æм бон

09.09.2023